Уæрæсейаг сапертæ æмæ робот куыстой Хуссар Иры. Минæтæй сыгъдæг кæныны кадртæ

Рафыссын
Ирвæзынгæнæн операцитæ уадзыны фæдыл центр "Лидер"-ы кусджытæ æрцыдысты Хуссар Ирмæ, цæмæй ссыгъдæг кæной 1991 – 2008 азты æфсæддон архæйдтыты фæстæ рæмудзæн æрмæджытæ цы территоритыл баззад, уыдон.

Цалдæр боны мидæг сапертæ сæрмагонд роботимæ "рацыдысты" иу гектар. Ссардтой дыууæ рæмудзæн гарзы.

Специалисттæ банысан кодтой, ацы территорийыл куыстытæ уадзын кæй хъыгдарынц цардуагон æфсæйнаг бырæтты рæдзæгъдтæ, кæцытæ æндавынц ифтонггарзыл.

"Лидер"-ы кусджытæ Хуссар Ирмæ æрцыдысты 80 боны æмгъуыдмæ. Уыцы рæстæгмæ уыдон хъуамæ ссыгъдæг кæной 40 мин гектарæй фылдæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0