Цхинвалы хуыйӕн фабрикӕйы кусджытӕн радтой хорзӕхтӕ

© Sputnik / Фатима ПлиеваЦхинвалы хуыйӕн фабрикӕйы кусджытӕн радтой хорзӕхтӕ
Цхинвалы хуыйӕн фабрикӕйы кусджытӕн радтой хорзӕхтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Рог сӕудӕджерады боны цытӕн, кӕцы нысан цӕуы 12 июны, Цхинвалы, ПККЗ "Чермены" уагъд ӕрцыд БТК-4 кусджыты цытджын ӕмбырд. Уыдонӕн бӕрӕгбоны цытӕн раарфӕ кӕнынмӕ ӕрбацыд паддзахады сӕргълӕууӕг Тыбылты Леонид.

ЦХИНВАЛ, 10 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хуыйӕн фабрикӕ БТК-4 къухдариуӕгад ӕмӕ къорд кусӕджы президент Тыбылыты Леонид схорзӕхджын кодта Кады грамотӕтӕй, цалдӕрӕй та райстой хуыздӕр хуыйджыты нӕмттӕ.

Рог сӕудӕджерады боны цытӕн, кӕцы нысан цӕуы 12 июны, Цхинвалы, ПККЗ "Чермены" уагъд ӕрцыд БТК-4 кусджыты цытджын ӕмбырд. Уыдонӕн бӕрӕгбоны цытӕн раарфӕ кӕнынмӕ ӕрбацыд паддзахады сӕргълӕууӕг Тыбылты Леонид. Президент банысан кодта, хуыйӕн фабрикӕ кӕй у республикӕйы рог сӕудӕджерады иууыл хъомысджындӕр амалиуӕгад.

"Дарддӕр дӕр уын мӕ зӕрдӕ зӕгъы ӕнтыстытӕ. Бадзырдтӕ аразӕм "БТК Групп"-ы къухдариуӕгадимӕ, цӕмӕй, куыд фӕнд кодтам, афтӕмӕй Ленингор ӕмӕ Къуаисайы дӕр фӕзына ахӕм уагдӕттӕ", — банысан кодта Тыбылты Леонид.

© Sputnik / Фатима ПлиеваЦхинвалы хуыйӕн фабрикӕйы кусджытӕ
БТК - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы хуыйӕн фабрикӕйы кусджытӕ

Фабрикӕйы хистӕр Коцты Хъазбег дӕр схорзӕхджын кодта, йӕ куысты уӕлдай хорз йӕхи чи равдыста, уыцы хуыйджыты.

"Ивгъуыд аз коллективы хорз куысты фӕрцы Цхинвалы хуыйӕн фабрикӕ райста "БТК —групп"-ы компаниты ‘хсӕн цӕугӕ кубок", — раппӕлыд директор.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕввахс рӕстӕджыты фабрикӕйы куыстмӕ хаст ӕрцӕудзысты ногдзинӕдтӕ, фӕзындзӕн ын йӕхи дукани, цыран уӕй кӕндзысты сӕхи уагъд продукци.

"БТК Групп" ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ‘хсӕн бадзырды фӕлгӕтты Цхинвалы 2012 азы скуыста хуыйӕн фабрикӕ БТК-4.

Ног хабӕртты лентӕ
0