Цхинвалы фӕбӕрӕг сты шахматты турниры уӕлахиздзаутӕ

© Sputnik / Фатима ПлиеваГобозты Валерийы номарӕн турнир шахматтӕй
Гобозты Валерийы номарӕн турнир шахматтӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тагъд шахматтӕй ерыстӕ цыдысты дыууӕ боны дӕргъы. Скъоладзауты ‘хсӕн уӕлахиздзау ссис Ногъайты Андрей, хистӕр къорды та - Саулохты Георгий.

ЦХИНВАЛ, 14 июн — Sputnik. Цхинвалы фӕбӕрӕг сты шахматтӕй Гобозты Валерийы фыццаг ӕппӕтреспубликон номарӕн турниры уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ призертӕ. Турнир цыд дыууӕ боны дӕргъы ӕмӕ ӕрӕмбырд кодта республикӕйы 18 тыхджындӕр шахматисты, куыд скъоладзауты, афтӕ хистӕр кары спортсменты ‘хсӕн дӕр.

Кӕстӕр къорды хсӕн уӕлахиздзауы бынатыл тох кодтой 10 скъоладзауы. Фыццаг бынатыл ацыд Ногъайты Андрей, чысыл къаддӕр очкотӕ райста Цхуырбаты Андрей ӕмӕ уый хыгъд бацахста дыккаг бынат. Призерты нымӕц фыццаг хатт республикӕйы баххӕст кодта чызг — дыккӕгӕм скъолайы ахуырдзау Ӕлборты Элина.

Валерий Халин – шахматтӕй Хуссар Иры фидӕны чемпион

Хистӕр къорды та ныр ӕртыккаг хатт уӕлахиздзау ссис Саулохты Георгий, дыккаг бынатыл ацыд Тыбылты Ирбег, ӕртыккаг та бацахста Гӕбӕраты Ацӕмӕз.

Турниры уӕлахиздзауты схорзӕхджын кодта шахматтӕй спорты мастер Гобозты Валерийы хо Ляля, уый бузныг загъта организатортӕн, йе ‘фсымӕры ном ын кӕй нӕ рох кӕнынц, уый тыххӕй.

Ерыстӕ арӕзт ӕрцыдысты Шахматон федераци ӕмӕ Фӕсивӕдон политикӕйы комитеты фӕндонмӕ гӕсгӕ, компани "Остелеком"-ы финансон ӕххуысӕй.

Шахматист, журналист, ахуыргонд ӕмӕ поэт Гобозты Валерийы номарӕн турнир нырӕй фӕстӕмӕ суыдзӕн ӕрвылазон.

Ног хабӕртты лентӕ
0