Цыппӕрдӕсаздзыд чызджы марӕг æмбæлд йæ амӕттаджы хоимæ

© Sputnik / Дзерасса БиазартиМарковы уынгыл арæзтадон фæзуат
Марковы уынгыл арæзтадон фæзуат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Слæстгæнæн комитеты нæ бæлвырд кæнынц массон информацийы фæрæзты информаци, зæгъгæ, "нырма цæуы куыст лæгмарды детальтæ раргом кæныны фæдыл".

ЦХИНВАЛ, 14 июн — Sputnik. 14-аздзыд чызджы амарыны фыдракӕндӕн уыд цардуагон бындур, фæлæ, куыд зыны, афтæмæй лæгмард не ‘рцыд барæй, хъусын кæны 15 регион.

Фыдракæнд саразыныл басаст 21-аздзыд Максим Корсунов, кæцы уыд мард чызджы сыхаг, фыссы мыхуыры фæрæз.

Фыдракæнды бынат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзæуджыхъæуы цæрæг басаст, кæй амардта 14-аздзыд чызджы

"Уый æмбæлд йæ хистæр хоимæ, фæмадуæвæг та алыхатт дæр уыд сæ ахастыты ныхмæ. Уыцы бындурыл сæм арæх æвзæрд конфликттæ. Уыцы бон азымгонд хылы рæстæджы Марковы уынгыл арæзтадон фæзуатыл ныццавта чызджы сæр сисыл. Цæф разынд мæлæтдзаг", — фехъусын кодта 15 регионы дзырдæмбал.

Уый æмрæстæджы СК нæ аразы комментаритæ ацы информацийы фæдыл.

Слестгæнæн комитеты Sputnik фехъусын кодтой, азымгонд кæй у завод Электроцинкы кусæг, æмæ "нырма кæй цæуы куыст лæгмарды детальтæ раргом кæныны фæдыл".

Ног хабӕртты лентӕ
0