ЦХИНВАЛ, 14 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Къуайсайы цæрæг барвæндонæй радта бынæттон барадхъахъхъæнæн органты хайады кусджытæн бирæнымæц хæстæрмæджытæ, хъусын кæны мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
Республикæйы МХМ рæстæгæй рæстæгмæ сиды цæрджытæм, цæмæй барвæндонæй радтой, æнæзакононæй сæм цы хæцæнгæрзтæ, хæстæрмæджытæ æмæ рæмудзæн æрмæджытæ ис, уыдон.
"Къуайсайы 63-аздзыд цæрæг барвæндонæй радта мидхъуыддæгты хайады кусджытæм 80 пулеметы нæмыджы, 96 винтовкæйы нæмыджы æмæ 14,5 мм калибр 58 нæмыджы", — загъта пресс-службæйы кусæг.
Раздæр МХМ-ы къухдариуæгад раразмæ кодта хъæппæрис, æнæрегистрацигонд хæцæнгарзы проблемæ аскъуыддзаг кæнын закъондæттæн æмвæзадыл æмæ йæ хицауæн резервисты статус раттын. Ведомствӕйы нымайынц, æмбæлон закъон райсыны фæстæ, резервисттæн фадат кæй уыдзæн сæ хæцæнгарз срегистраци кæнын æмæ йæ хæдзары законон бындурыл дарын.