Хуссар Иры парламент æркæсдзæн сомихæгты геноцид банымайыны фарстмæ

© Sputnik / Владимир Федоренко /  Ахизын медиабанкмæЕреван
Ереван - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фарстыл уынаффæ цыд РХИ закондæттæн органы ивгъуыд азы, фæлæ сомихæгты диаспорæйæ официалон куырдиат парламентмæ æрбацыд æрмæстдæр дыццæджы.

ЦХИНВАЛ, 15 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламент кусы сомихæгты геноцид банымайыны фарстыл, фехъусын кодта Sputnik депутат Гасситы Петр.
Фарстыл уынаффæ цыд РХИ закондæттæн органы ивгъуыд азы, фæлæ сомихæгты диаспорæйæ официалон куырдиат парламентмæ æрбацыд æрмæстдæр дыццæджы.

"Диаспорæйæ куырдиат æрбацыд нырма знон, фæлæ фарст уый размæ иста парламенты спикер Бибылты Анатолий дæр æмæ æз дæр, уынаффæ йыл кодтам депутаттимæ. Сессийы рабадтмæ мæ йæ рахæсдзæн закондæттæн комитеты разамонæг Коцты Олеся", — загъта депутат.

Уый равдыста ныфс, парламент æвæрццагæй кæй аскъуыддзаг кæндзæн сомихæгты геноцид банымайыны фарст.

Камо Сирадегян: уæ уæлибæхтæ дӕр хæрзад сты

"Депутаттæй бирæтæ нысан кодтой, зæгъгæ, Сомихстон дæр кæй хъуамæ банымайа ирæтты геноцид, фæлæ уый принципиалон нæу. Нысаниуæгджын уый у, æмæ сомихæгты диаспорæйы минæвæрттæ кæй сты хуссарирыстойнаг æхсæнады æххæстбарджын уæнгтæ, бирæтæ дзы тох кодтой Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад æмæ сæрибардзинады сæрыл, немæ быхстой æфсæддон уавæры хъизæмæрттæ, иуæй иутæ дзы сты кæддæр геноцидæй чи ралыгъд, уыдоны байзæддæгтæ", — загъта депутат.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, кæд парламент рахæсса æвæрццаг скъуыддзаг, уæд "фæстæмæ сфидар уыдзæн историкон æмæ адæймагадон рæстдзинад æфсымæрон адæмы ахасты, кæцы хуссарирыстойнаг адæмау бавзæрста геноциды хъизæмæрттæ".

Хуссар Ирыстоны сомихаг диаспорæйы ис 300 адæймаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0