Хуссар Иры Æдасдзинады Совет æруынаффæ кæндзæн резервистты фæдыл законыл

© Sputnik / Григорий Сысоев /  Ахизын медиабанкмæХæцæнгарз
Хæцæнгарз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тыбылты Леониды ныхæстæм гæсгæ, æнæзаконон хæцæнгарзы проблемæ аскъуыддзаг кæнын у ахсджиаг куыст, кæцы хъæуы адарддæр кæнын.

ЦХИНВАЛ, 15 июн — Sputnik. Президент Тыдылты Леонид бахæс кодта Æдасдзинады Советы рабадты æруынаффæ кæнын, мидхъуыддæгты министрад резервистты фæдыл цы закон раразмæ кодта, ома регистрацигонд æнæзаконон хæцæнгарзы хицæуттæн резервистты ном раттын, ууыл.

Нӕмыг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕнæрегистрацигонд хæцæнгæрзты хицæутты бахæсдзысты резервистты номхыгъдмæ

Раздæр МХМ-ы къухдариуæгад раразмæ кодта хъæппæрис æнæрегистрацигонд хæцæнгарзы проблемæ аскъуыддзаг кæнын закъондæттæн æмвæзадыл æмæ йæ хицауæн резервисты статус раттыны тыххӕй.

Ведомствӕйы нымайынц, æмбæлон закъон райсыны фæстæ, резервисттæн фадат кæй уыдзæн сæ хæцæнгарз срегистраци кæнын æмæ йæ хæдзары законон бындурыл дарын.

Фарстыл дзырд цыд Тыбылты Леонидæн тыхон структурæты къухдариуæггæнджытимæ цы фембæлд уыд, уый рæстæджы, фехъусын кодта президенты пресс-секретарь Гана Яновская.

"Ацы фарсты мидæг æххæстæй разы дæн ведомстӕимæ. Уый у ахсджиаг куыст æмæ йæ хъæуы адарддæр кæнын. Æз хорз зонгæ дæн мидхъуыддæгты министр Лæууойты Æхсары хъæппæристимæ, кæцы ацы проблемæйы райхæлд уыны закондæттæн къабазы. Ацы фарст хъæуы рахæссын Æдасдзинады Советы рабадтмæ", — фехъусын кодта президенты ныхæстæ йæ пресс-службæ.

Республикæйы МХМ рæстæгæй рæстæгмæ сиды цæрджытæм, цæмæй барвæндонæй радтой, 1989-2008 азты хæстон архæйдтыты фæстæ сæм æнæзакононæй цы хæцæнгæрзтæ, хæстæрмæджытæ æмæ рæмудзæн æрмæджытæ баззад, уыдон.

Ног хабӕртты лентӕ
0