Хуссар Ир нымад ӕрцыд иууыл чырыстондӕр бӕстӕйыл

© Алена ДжиоеваИконостас
Иконостас - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Журнал ахӕм уынаффӕ хӕсгӕйӕ бындуриуӕг кодта ӕрфарсты фӕстиуджытыл. Йӕ бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, рӕспубликӕйы цӕрджыты 99% сӕхи нымайынц рӕстдинон чырыстонтыл.

ЦХИНВАЛ, 15 июн — Sputnik. Рӕстдинон ӕхсӕнады интернет-журнал "Православие. ФМ" Хуссар Ирыстоны банымадта иууыл чырыстондӕр бӕстӕйыл.

Журнал ахӕм уынаффӕ хӕсгӕйӕ бындуриуӕг кодта ӕрфарсты фӕстиуджытыл. Йӕ бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, рӕспубликӕйы цӕрджыты 99% сӕхи нымайынц рӕстдинон чырыстонтыл.

"Православие. ФМ" ныммыхуыр кодта 50 цымыдисон цауы Чырыстон дины тыххӕй. Ацы номхыгъды дӕсӕм пункты ис Хуссар Ир, куыд иууыл чырыстондӕр паддзахад, афтӕ. Республикӕйы 51 мин цӕрджытӕй 50 минӕй фылдӕр сӕхи нымайынц рӕстдинонтыл", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Хуссар Ирыстоны фӕстӕ иууыл чырыстондӕр бӕстӕты номхыгъд баххӕст кодтой Греци, Днестргӕрон Молдаваг республикӕ, Серби, Болгари, Румыни. Уӕрӕсе номхыгъды бацахста 12-ӕм бынат.

Историкты бӕлвырдгӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ирон адӕмы рагфыдӕлтӕ — алантӕ чырыстон динимӕ базонгӕ сты фыццаг ӕнусы 40-ӕм ӕзты, уӕд апостол Андрей Первозванный бабӕрӕг кодта алайнаг горӕт Фуст ӕмӕ ацы динимӕ базонгӕ кодта цӕрджыты. Афтӕ ма бӕрӕг у, чырыстон дин кӕй райстой, византийаг паддзахмӕ цы алайнаг ӕфсӕддонтӕ службӕ кодтой, уыдон.

Хуссар Ирыстон та зындгонд у йӕ бирӕнымӕц аргъуантӕй. Республикӕйы сӕйраг горӕт Цхинвалы та рагзаманты хуыдтой 37 аргъуаны горӕт.

Ног хабӕртты лентӕ
0