"MADO" – ирон дизайнеры Модæйы хæдзар Ригæйы

© FACEBOOKКуымæридтаты Мадия
Куымæридтаты Мадия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Куымæридтаты Мадия у модæйы хæдзары хицау Ригæйы – уый хуымæтæг дарæс нæ хуыйы, фæлæ аразы ныфсджын сылгоймæгты фæлгонц.

ЦХИНВАЛ, 16 июн — Sputnik, Босыкты Наталья. Куымæридтаты Мадия — курдиатджын модельер, бренд "MADO"-йы бындурæвæрæг æмæ дизайнер, радзырдта Sputnik, уарзон хъуыддагыл хæст кæй у авд азмæ æввахс. Йæ ныхæстæм гæсгæ, чысылæй дæр цымыдис кодта дарæс аразынмæ.

"Чысылæй фæстæмæ æнцонæй æмбарын кодтон хуыйæгæн, цы мæ хъæуы. Мæ сыхаг уыд хуыйæг, уый мæ æмбæрста иттæг хорз æмæ мын хуыдта, цыхуызæн дарæс мæ хъуыд, ахæм", — дзуры Мадия.

© FACEBOOKМадия алы къахдзæфыл дæр кусы йæхæдæг - эскизæй райдайгæйæ æндахы хуыз равзæрсты онг
Мадия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мадия алы къахдзæфыл дæр кусы йæхæдæг - эскизæй райдайгæйæ æндахы хуыз равзæрсты онг

"Люкс" классы дарæсы коллекци у арæзт ныфсджын сылгоймæгтæн, кæцытæй фидарæй зонынц, цы сæ хъæуы. Хъуымæцтæ æлхæны зынгæ италиаг дизайнертæй, дарæс иууылдæр у къухæй хуыд.

"Дарæсы сарæзт у иу адæймаджы нæ, фæлæ стыр командæйы егъау фыдæбон. Мах кусæм иумæ. Æз кусын алы къахдзæфыл дæр — эскизæй райдайгæйæ æндахы хуыз равзæрсты онг, уымæ гæсгæ мын сæрибар рæстæг æппындæр нæй", — дзуры модельер.

Ахæм царды ритмимæ, сæрибар рæстæг куыд æрвиты, фарстæн чызг уадидæгæн дзуапп дæтты, зæгъгæ, "бинонтимæ". Мадияйæн ис цардæмбал æмæ дыууæ лæппуйы.

"Тынг цъус сæрибар рæстæг мын ис, æмæ йæ æрвитын мæ бинонтимæ. Ноджы ма активонæй архайын спортæй, сæйраджыдæр æххæст кæнын кардио тренировкæтæ", — дзуры уый.

Хуссар Ирыстонмæ арæх нæ цæуы, фæлæ Ирыстонимæ цыдæриддæр у баст, уый чызгмæ æвзарын кæны цины æнкъарæнтæ.

Хох Бекъойты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бренд "BEKOEV". Фыццаг цхинвайлаг модельер

"Ирыстоны цæрынц мæ хиуæттæ, фæлæ æрцæуыны фадат арæх нæ фæвæййы. Афтæ тынг уарзын, цыдæриддæр баст у мæ райгуырæн бæстæимæ, æмæ интернеты ирон мыггаг куы фенын, уæд мæ зæрдæ гуыпп-гуыпп кæнын райдайы риуы", — дзуры модельер.

Тагъд "MADO" дарæс уарзджытæн фæзындзæн дизайнерон дарæсы официалон сайт, цы ран балхæнæн уыдзæн зæрдæмæ фæцæугæ дзаумæттæ.

Фидæнимæ баст плæнттыл чызг дзуры арæхстджынæй. Фæлæ æвзонг æмæ курдиатджын чызг фæнд кæны йæ хъуыддаг фæуæрæхдæр кæнын æмæ дарæсы салонтæ Милан æмæ Дубайы бакæнын, афтæ ма дарæсы ноджы иу хахх бакæнын — æрвылбонон æмæ аслам.

Ног хабӕртты лентӕ
0