Транскамыл цъыфы зæйты æрцыды аххосæй æрæмбырд 300 машинæйæ фылдæр

© Sputnik / Руслан ТадтаевТранскамыл цъыфы зæйты æрцыды аххосæй æрæмбырд 300 машинæйæ фылдæр
Транскамыл цъыфы зæйты æрцыды аххосæй æрæмбырд 300 машинæйæ фылдæр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстон Уæрæсеимæ цы иунæг фæндаг иу кæны, уый æрцыд æхгæд цыппæрæмы æхсæвы цъыфы зæй æрцыды аххосагæй.

ЦХИНВАЛ, 16 июн — Sputnik. 300 машинæйæ фылдæр æрæмбырд цæгатирыстойнаг Буроны, цы ран æрæхгæдтой фæндаг Транскамы автомагистралыл цъыфы зæй æрцыды аххосагæй, радзырдта Sputnik Хуссар Ирыстоны цæрджытæй иу, кæцы фæнд кодта æртыццæджы Цхинвалмæ æрыздæхын.

Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Транскам у æхгæд дуры зæйтæ æрцæуыны тасы аххосæй

Транскавказы автомагистралыл дуры зæйтæ æрцæуынæй тæссаг кæй у, уый тыххæй фæндаг æрцыд æхгæд цыппæрæмы æхсæвы. Транскам у иунæг фæндаг, кæцы Хуссар Ир иу кæны дунеимæ.

"Мах ам лæууæм æртыццæджы изæры аст сахатæй фæстæмæ, ис дзы тынг бирæ машинæтæ — сæ банымайын у зын. Æз сфæнд кодтон колоннæйыл æрзилын, фæлæ йын йæ кæрон не суыдтон — мæ хъуыдымæ гæсгæ дзы 300 машинæйæ къаддæр нæй", — загъта телефонæй Цхинвалы цæрæг Николай Акопов.

Уый банысан кодта, Буроны дуканийы фæрцы хæрд æмæ нуæзтимæ уый æмæ иннæ шофыртæ æмæ пассажиртæ дæр кæй не ‘ййафынц хъуагдзинад.

"Дуканийы балхæнæм цай, кофе, хæринæгтæ… Дукани абон хорз æхца бакуыста", — загъта Николай.

Цалдæр машинæ ма æрæмбырд Транскамы фæндагыл, Уанелы хъæуы — фæлæ ам астæй фылдæр не сты.

Тедеты Аленæйы ныхæстæм гæсгæ, кæцы æнхъæлмæ кæсы фæндаджы байгоммæ, Цæгат Ирмæ цæуджытæн сæ фылдæр раздæхт Цхинвалмæ, уымæн æмæ уый æввахсдæр у Буронæй Дзæуджыхъæуы онг фæндагæй. Фæндагыл ма баззадысты ахæмтæ, кæцытæн ахсджиаг у куыд тагъддæрæй Дзæуджыхъæумæ бахауын.

Цæгат Ирыстоны УУМ-ы кусджытæ фæндагыл кусынц райсом авд сахатæй. Сæ ныхæстæм гæсгæ, фæндагыл æрцыд 4 мин кубометры бæрц хæххон мыггæгтæ. Транскамы фæндаг кæд байгом уыдзæн, уый фæдыл ницы прогнозтæ ис.

Ног хабӕртты лентӕ
0