Хуссар Ир фехъусын кодта, арæныл куыстытæ кæй нӕ агайынц Гуырдзыстоны

© Sputnik / Михаил Воскресенский /  Ахизын медиабанкмæАрӕнгӕрон пост
Арӕнгӕрон пост - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг делегаци Женевæйы бацамыдта Гуырдзыстоны минæвæрттæн, Хуссар Ирыстоны арæныл куыстытæ æххæст кæй цæуынц республикæйы закондæттынадмæ гæсгæ.

ЦХИНВАЛ, 16 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæныл хæрзарæзтадон куыстытæ нæ халынц гуырдзыстоны суверенитет æмæ йын нæ агайынц йæ территоримæ, фехъусын кодта Женевæйы цæуæг æдасдзинады фæдыл дискусситы 36 раунды фстиуджыты тыххæй, хуссарирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг Джиоты Мурæт.

Швейцайраг столицæйы 14-15 июны уагъд цæуы Фæскавказы æдасдзинады фæдыл женеваг дискусситы радон раунд. Фембæлдты ӕмбарадон бындурыл хайад исынц Хуссар Ирыстон, Абхаз, Гуырдзыстон æмæ Уӕрӕсейы минæвæрттæ.

"Гуырдзыстоны минæвæрттæ та ногæй бафæлвæрдтой Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæны хаххы цыд сбæлвырд кæныны фæдыл куыстытæ банымайын Гуырдзыстонимæ паддзахадон арæны режим фехæлдыл. Мах не сразы стæм ацы ныхæстимæ æмæ та загътам, Гуырдзыстоны суверенитет кæнæ æнæхъæндзинад фехалынæн кæй ницы тас у, уымæн æмæ куыстытæ иууылдæр æххæст цæуынц нæхи территорийыл", — загъта Джиоты Мурæт.

Æххæстбарджын минæвар бахахх кодта, контрпартнертæн Женевайы кæй бацамыдтой, Хуссар Ирыстоны арæныл куыстытæ æххæст кæй цæуынц республикæйы закондæттынадмæ гæсгæ.

Гуманитарон къорды та дзырд цыд культурон бынты фарстытыл, сæйраджыдæр, Хуссар Ирыстонмæ уникалон уазныв-триптих раздахыныл, кæцы давд æрцыд хуссарирыстойнаг музейæ æмæ ис Гуырдзыстоны территорийыл.

"Хъусдард ма аздæхтам ахæм фарстытæм, куыд Скæсæйнаг Ирыстоны территорийыл (кæцæй фæсырдтой ирон цæрджыты æмæ ис Гуырдзыстоны контролы бын) цы ирон историко-культурон цыртдзæвæнтæ ис, уыдон бахъахъхъæнын", — банысан кодта æххæстбарджын минæвар.

Женеваг дискусситæ уагъд кæй цæуынц Уæрæсе æмæ Францы президентты æхсæн бадзырдтæм гæсгæ 2008 азӕй, Гуырдзыстоны, куыд агрессоры, афтæ тыхæй куы æркодтой сабырадмæ, уæдæй фæстæмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0