Къобесты Чермен ссис Европӕйы чемпион рог атлетикӕйӕ

Чермен Къобесты
Чермен Къобесты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон параолимпиаг спортсмен 200 метры дистанци басаста 23,30 секундмӕ, ноджы ма иу сыгъзӕрин майдан Къобесты Чермен райста, 6,15 метры кӕй агӕпп кодта, уый тыххӕй.

ЦХИНВАЛ, 16 июн — Sputnik. Ирон параолимпиаг спортсмен Къобесты Чермен рамбылдта сыгъзӕрин майдан Европӕйы чемпионаты рог атлетикӕйӕ, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службӕ.

"Къобесты Чермен 200 метры дистанци басаста 23,30 секундмӕ ӕмӕ уый хыгъд ссис Европӕйы чемпион. Ноджы ма иу сыгъзӕрин майдан йӕ къухы бафтыд, 6,15 метры кӕй агӕпп кодта, уый тыххӕй. 400 метры дӕргъӕн дистанци та алыгъд ӕртыккаг бынатыл", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Ирон спортсмены цӕттӕ кӕныц тренертӕ Хъороты Владимир, Гаглойты Валерий ӕмӕ Куымӕридтаты Валерий.

Европӕйы чемпионат сахъхъат адӕмы ‘хсӕн райдыдта 11 июны Италийы. Ерысты фӕстиуӕгӕн фӕбӕрӕг уыдзӕн, Рио-де-Жанейройы уагъд цӕуӕг паралимпиадӕйы спортсментӕй чи райсдзӕн хайад, уыдон номхыгъд.

Ног хабӕртты лентӕ
0