Боксер Коцты Вадим бацыд ЦКФЗ-ы фыццагады Ирыстоны æмбырдгонды скондмæ

© FacebookКоцты Вадим
Коцты Вадим - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Кæд æмæ Цæгат Ирыстоны ацæугæ турниры Коцты Вадим бацахста дыккаг бынат, уæддæр боксы федерацийы президент банысан кодта æрыгон спортсмены цæттæдзинады бæрзонд æмвæзад æмæ йæ бакодта ЦКФЗ-ы фыццагады Ирыстоны æмбырдгонды скондмæ.

ЦХИНВАЛ, 16 июн — Sputnik, Козаты Дианæ. Æрыгон ирон спортсмен Коцты Вадим бацахста дыккаг бынат Цæгат Ирыстоны чемпионат æмæ фыццагады боксæй, загъта Sputnik спортсмены тренер Чехойты Алан.

Тыхджындæр спортсмены номыл цыппар боны дæргъы рингыл тох кодтой 150 спортсмены æндæр æмæ æндæр кары æмæ уæзы категориты. Коцты Вадим тох кодта 1998-1999 азты гуырд спортсменты сконды 70 кг онг уæзы категорийы.

"Æз райгонд дæн мæ хъомылгæнинаджы тохæй. Равдыста хорз спортивон æмæ физикон цæттæдзинад. Фыццаг тохы ахызт æртæ раунды дæр æмæ фæуæлахиз очкотæм гæсгæ, дыккаг тохы та фыццаг раунды йæ ныхмæлæууæджы арвыста нокауты", — радзырдта Чехойты Алан.

Финалон тохы Коцты Аланы ныхмæлæууæг уыд спорты дæсны, УФ æмæ РХИ сгуыхт тренер Сланты Виталийы хъомылгæнинаг, дзæуджыхъæуккаг боксерон клуб "Ариана"-йы минæвар Хуыгаты Алан, кæцыйæн фембылд очкотæм гæсгæ.

© Sputnik / Алексей КовалевКоцты Вадим йӕ тренер Чехойты Аланимӕ
Владислав Кочиев и его тренер - Sputnik Хуссар Ирыстон
Коцты Вадим йӕ тренер Чехойты Аланимӕ

Ерыстæ уыдысты æвзæрстон Цæгаткавказаг федералон зылды боксæй чемпионат æмæ фыццагадмæ, кæцытæ ацæудзысты сентябры Назраны æмæ 27 июны та Ставрополы. Ацы ерыстæм ныр йæхи цæттæ кæны Коцты Вадим дæр.

"Кæд æмæ Цæгат Ирыстоны ацæугæ турниры Коцты Вадим бацахста дыккаг бынат, уæддæр Цæгат Ирыстоны боксы федерацийы президент Дзгъойты Константин банысан кодта æрыгон спортсмены цæттæдзинады бæрзонд æмвæзад æмæ йæ бакодта ЦКФЗ-ы фыццагады Ирыстоны æмбырдгонды скондмæ", — загъта спортсмены тренер.

Коцты Вадимыл цæуы 17 азы, боксы секцимæ цæуын райдыдта фондз азы размæ æмæ ссис æрыгон хуссарирыстойнаг тренер, дунейон классы спорты мастер Чехойты Аланы фыццаг хъомылгæнинаг.

"Коцты Вадимимæ кусын фыццаг бонæй фæстæмæ. Уый у тынг куыстуарзаг. Курдиат уыйас нæу, цас у хуымгæнæг. У бирæбæрц æппæтуæрæсейаг турнирты уæлахиздзау", — дзуры йæ хъомылгæнинаджы тыххæй Чехойты Алан.

Цæгат Ирыстоны боксæй чемпионат æмæ фыццагады хайад райсыны тыххæй Коцты Вадимæн финансон æххуыс бакодта фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитет.

Ног хабӕртты лентӕ
0