Райгуырӕн кӕмттӕм Габайты Владимиримӕ

© Из личного архива В.ГабаеваГабаты Владимир
Габаты Владимир - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Дядя Вова" – афтӕ уарзгӕйӕ хоны телеамонӕджы йӕ коллектив – ӕхсӕз азы дӕргъы экранӕй радзырдта ӕмӕ равдыста Ирыстоны хӕхты ӕмӕ кӕмтты цы цæрæгойтæ ӕмӕ зайӕгойтӕ ис, уыдон тыххӕй алцыдӕр - кӕцытӕ сӕ сты тӕссаг ӕмӕ хъӕстӕ, кӕцытӕ та пайдахӕссӕг.

ЦХИНВАЛ, 17 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хусар Ирыстоны телеуынынады рейтингтӕ куы аразиккой, уӕд Габайты Владимир райсид иууыл уарзондӕр телеамонӕджы ном. Ӕрдз ӕмӕ сырдты тыххӕй таурӕгъгӕнӕг, куырыхон дадайы ӕмхуызонӕй бауарзтой куыд сабитӕ, афтӕ хистӕр кары адӕм дӕр. Куыстмӕ йӕм хӕссынц кӕлмытӕ, арсы лӕппынтӕ, ӕнахуыр мӕргъты, алыгъуызон зайӕгойтӕ.

Биолог, зоолог ӕмӕ географ Габайты Владимир паддзахадон телеуынынады амонӕгӕй кусы ныр ӕхсӕзӕм аз, зонгӕ кӕны Хуссар Иры цӕрджыты бӕстӕйы ӕрдз, зайӕгойтӕ, сырдтӕ, мӕргътӕ ӕмӕ ӕнахуыр фӕзындтимӕ. Сарӕзта алӕвӕрд "Флора и фауна родного края", фӕстӕдӕр ын йӕ ном раивта "Путешествия по родному краю"-мӕ. Цыбыр ӕмгъуыдмӕ уый ссис телекӕсджыты уарзондӕр алӕвӕрд ӕмӕ йын ныр адӕм сӕхӕдӕг дзурынц, исты ӕнахуыр сырд науӕд та фӕзындыл куы фембӕлынц, уӕд. Уӕлдай популярондӕр сӕм у кӕлмыты темӕ.

Иу ахӕмы телеамонӕгмӕ фӕсидтысты рынчындонмӕ, уырдӕм калмы хӕстимӕ ӕрластой знауыраг лӕджы ӕд калм — уый иу метр ӕмӕ ӕрдӕгы дӕргъӕн сырхгуыбын дзоныгъæфсæр калм та лӕварӕн ӕрхаста Владимирӕн.

"Лӕг мӕ фӕрсы — "амӕлдзынӕн?" Ӕрсабыр ӕй кодтон, уыцы калм хъӕстӕ нӕу, егъау цы у, уымӕй дарддӕр. Йӕ фенынмӕ ӕрымбырд ис рынчындоны персоналы егъау хай. Куыддӕр ӕй голлагӕй систой, афтӕ къæлидоры ныддугъ кодта. Адӕм фыр тасӕй фӕйнӕрдӕм ныппырх сты. Тыххӕй-фыдӕй ма йӕ куыддӕрты ӕрцахстам", — мысы Владимир.

© Из личного архива В.ГабаеваУӕлдай популярондӕр Владимирмӕ у кӕлмыты темӕ
Габаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕлдай популярондӕр Владимирмӕ у кӕлмыты темӕ

Уый тынг уарзы цӕрӕгойты, фӕстаг рӕстӕджы сӕ бинонты иууыл уарзондӕр хӕдзарон цӕрӕгой сис Керри-блю-терьер къӕбыла Вита. Къӕбыла дуаргӕрон ӕмбӕлы алкӕцы уазӕгыл дӕр ӕмӕ йӕ хицауӕн ӕдасыл кӕй банымайы, ӕрмӕстдӕр уый ӕрбауадзы мидӕмӕ.

"Дядя Вова" — афтӕ уарзгӕйӕ хоны телеамонӕджы йӕ коллектив — ӕхсӕз азы дӕргъы экранӕй радзырдта ӕмӕ равдыста Ирыстоны хӕхты ӕмӕ кӕмтты цы цæрæгойтæ ӕмӕ зайӕгойтӕ ис, уыдон тыххӕй алцыдӕр — кӕцытӕ сӕ сты тӕссаг ӕмӕ хъӕстӕ, кӕцытӕ та пайдахӕссӕг. Зоологи, ботаника ӕмӕ йын биологийы фидар зонындзинӕдтӕ кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ йӕ развӕлгъау алӕвӕрдмӕ йӕхи цӕттӕ кӕнын дӕр нӕ хъӕуы.

"Арӕх мӕ фӕфӕрсынц, сценаримӕ гӕсгӕ амайын мӕ алӕвӕрд ӕви нӕ. Фӕлӕ хӕхтӕм цӕугӕйӕ кӕцӕй зонын, цӕуыл фембӕлдзӕн уый? Цӕуыл бамбӕлын, уый тыххӕй ӕрдзурын", — банысан кодта Владимир.

© Из личного архива В.ГабаеваГабайты Владимир ма цы комы нӕ балӕууыд. Хуссар иры ахӕм нал ис
Габаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Габайты Владимир ма цы комы нӕ балӕууыд. Хуссар иры ахӕм нал ис

Ацы куысты йын тынг схӕлар сты оператор Куыдзеты Азӕмӕт ӕмӕ шофыр Уазӕгты Роин. Ацы сфӕлдыстадон къорд сӕ камерӕимӕ бамидӕг вӕййынц куы Къуыдаргомы, куы Знауыры, схызтысты Леуахийы ратӕдзӕнтӕм дӕр ӕмӕ бирӕ ӕндӕр бӕрзонд хӕххон хъӕутӕм. Кӕсджыты ахастӕй куыд бӕрӕг у, афтӕмӕй "Путешествия по родному краю" у иууыл уарзондӕр алӕвӕрд, фӕлӕ йӕхӕдӕг куыд зӕгъы, афтӕмӕй ацы популярондзинады хорзӕй ницы ис.

"Адӕммӕ ӕвӕццӕгӕн афтӕ кӕсы, стыр мызды хицау дӕн ӕмӕ базармӕ куы бацӕуын, уӕд сӕ халсар ӕмӕ дыргътӕ мӕнӕн зынаргъдӕр скӕнынц. Ӕцӕг иу хатт, хъуыды кӕнын, рынчындонмӕ таксийыл бацыдтӕн ӕмӕ мӕ шофыр 50 сом йедтӕмӕ нӕ айста, ӕз дам дын дӕ алӕвӕрд бирӕ уарзын", — радзырдта "дядя Вова".

Габайты Владимир йӕ цардвӕндагыл бирӕ куыстбынӕттӕ рацыд, 13 азы дӕргъы фӕкуыста РХИ пединституты биологийы кафедрӕйы лаборантӕй, хицӕн ӕзты куыста ахуыргӕнджыты квалификаци фӕбӕрзонддӕр кӕныны институты, Зонкъары тобӕгонды, ӕвзонг натуралистты станцы ӕмӕ бирӕ ӕндӕр рӕтты.

"Иу 20 куыстбынат раивтон, иу рӕстӕджы мӕ цард Сыбыры дӕр смидӕг кодта, фӕлӕ мӕ зӕрдӕмӕ иууыл ӕввахсдӕр лӕууы телеуынынады куыст. Чысылӕй бӕллыдтӕн наудзог суӕвынмӕ, стӕй та дунейыл ӕрзилынмӕ, фӕлӕ мӕ уыдон ӕппӕтдӕр айрох сты. Ныр та бӕллын Раройы хъӕуы сӕрмӕ Къӕбӕлты ӕфцӕгӕй рафӕлгӕсын. Уырдыгӕй Кавказы хохы рагъ зыны армытъӕпӕнау, фӕлӕ мӕ бон уыййас цӕуын нал у", — дзуры Владимир.

Йӕ цӕсгомджын куысты тыххӕй Габайты Владимир райста бузныджы гӕххӕттыты ӕмӕ Кады грамотатӕ, стӕй ма бынӕттон фотоконкурсы приз ӕмӕ ӕндӕр хорзӕхтӕ. Йӕ алӕвӕрд та ссис Ха́нты-Мансийскы экологион телеуынынадон фестиваль "Спасти и сохранить"-ы дыккаг бынаты хицау.

© Sputnik / Фатима ПлиеваВита дуаргӕрон ӕмбӕлы алкӕцы уазӕгыл дӕр ӕмӕ йӕ хицауӕн ӕдасыл кӕй банымайы, ӕрмӕстдӕр уый ӕрбауадзы мидӕмӕ
Габаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Вита дуаргӕрон ӕмбӕлы алкӕцы уазӕгыл дӕр ӕмӕ йӕ хицауӕн ӕдасыл кӕй банымайы, ӕрмӕстдӕр уый ӕрбауадзы мидӕмӕ

Ӕнӕниздзинадӕй дарддӕр ма ацӕргӕ лӕджы мӕты ӕфтауынц цардуагон проблемӕтӕ дӕр — нӕй йын хӕдзар, цӕры ӕххуырст фатеры.

"Ныр мӕ хицау домы фатер ссӕрибар кӕнын, хъӕуы ссарын ног агъуыст, науӕд та ног горӕт цӕрынӕн. Мӕ проблемӕ мын зонынц суанг къухдариуӕгады онг ӕмӕ кӕд ӕнӕхъусдард нӕ баззаин", — ныфсытӕ авӕры йӕхицӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0