Хуссар Иры скъола-интернатты хъомылгӕнинӕгтӕ баулӕфдзысты Воронежы

© Sputnik / Александр Кряжев /  Ахизын медиабанкмæСывӕллӕттӕ
Сывӕллӕттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
15 ахуырдзауы уыдзысты Цхинвалы скъола –интернат, Дзауы скъола –интернат ӕмӕ Ленингоры сывӕллӕтты хӕдзарӕй.

ЦХИНВАЛ, 17 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны сидзӕр сывӕллӕттӕ ӕмӕ ӕххуысхъуаг бинонты сывӕлллӕттӕ ӕртӕ къуырийы дӕргъы баулӕфдзысты Воронежы областы улӕфӕндон "Зеленый огонек"-ы, фехъусын кодта Sputnik Цхинвалы скъола- интернаты директор Тедеты Роланд.

Воронежмӕ ацӕудзӕн 15 сывӕллоны, уыдон сты Цхинвалы скъола-интернат, Дзауы скъола-интернат ӕмӕ Ленингоры сывӕллӕтты хӕдзарӕй.

"Ацы сабитӕ, хъыгагӕн, цӕрынц мӕгуырау уавӕрты ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй сӕхи аирхӕфсой", — банысан кодта Тедеты Роланд.

Ахӕм фадат хуссарирыстойнаг сабитӕн ныр цыппар азы дӕргъы саразы Уӕрӕсейы ӕфсӕнвӕндӕгты разамынад, ацы аз дӕр та уыцы хъуыддагӕн рахицӕн кодтой 500 мин соммӕ ӕввахс.

Ног хабӕртты лентӕ
0