ЦХИНВАЛ, 17 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент майрӕмбоны раарафӕ кодта агентад Sputnik-ӕн мультимедийон центры баконды фӕдыл.
Ӕхсӕнадӕмон информацион агентад Sputnik бакодта республикӕйы мультимедион редакци, йӕ сконды ис портал ирон ӕвзагыл, хорз ифтонг мультумедион пресс-центр ӕмӕ радио.
"Фыццаг рады мӕ фӕнды раарафӕ кӕнын коллективӕн ацы боны тыххӕй, баконды тыххӕй. Кӕд агентад кусы ныр иу аз, уӕддӕр офицалонӕй конд цӕуы ныр. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, Sputnik-мӕ ӕнхъӕлӕмӕ кӕсы хорз фидӕн. Мах критикӕйы ныхмӕ не‘ стӕм, уый фӕрцы нӕ куыстмӕ бахӕссӕм ивындзинӕдтӕ", — загъта президент.
Уый ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта, агентадмӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы объективон ӕмӕ конструктивон критикӕ ӕмӕ пайдахӕссӕг ӕрмӕгмӕ. Тыбылты Леонид нымайы, мультимедион центр кӕй феххуыс уыдзӕн Хуссар Иры дунейы равдисынӕн.
Портал Sputnik Хуссар Ирыстон йӕ куыст райдыдта националон ӕмӕ уырыссаг ӕвзӕгтыл 2015 азы июны. Ресурсы редакторты ӕмӕ журналистты профессионалон командӕ кӕсджыты размӕ хӕссы актуалон ӕхсӕнадӕмон цауты фӕдыл алыгъуызон цӕстӕнгас. Радио Sputnik Хуссар Ирыстон дзуры бӕстӕйы ӕппӕт территорийыл, ӕмӕ адӕмы размӕ хӕссы ӕхсӕнадон-политикон ӕмӕ культурон тематикӕйы фӕдыл программӕтӕ. Афтӕ ма ног хабӕртты рауагъдтӕ.
Мультимедион пресс-центр Sputnik Республикӕ Хуссар Ирыстоны (г. Цхинвал, Мӕскуыйы уынг, 5) — нырыккон мультимедион фӕзуат, бӕрзондтехнологион ифтонггарз, кӕцы дӕтты фадат ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр форматы мадзӕлттӕ уадзын. Журналистты ӕмӕ уазджыты дӕлбарады сты — ӕнцонвадат пресс-зал, информациимӕ кусыны инфраструктурӕ, уый нымӕцы Wi-Fi.
Sputnik (sputniknews.com) — ног хабӕртты агентад ӕмӕ радио мультимедион информацион хабтимӕ дӕсгай бӕстӕты. Sputnik-ы сконды сты 30 сайттӕй фылдӕр, аналогон ӕмӕ цифрон радиофидиуӕн, мобилон ӕмхасӕнтимӕ ӕмӕ социалон хызӕгты фӕрстимӕ.