Уголовон агуырды кусæджы æрцахстой Гæджиты Асланы ОФК-йæ $ 100 мин гæртам райсыны тыххæй

© Архивное фотоГӕджиты Аслан
Гӕджиты Аслан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Саулохты Вадим, кæцы куыста уголовон агуырды уæлдай ахсджиаг хъуыддæгты фæдыл оперативон кусæгæй, 2013 азы $ 100 миныл радта Гæджиты Асланмæ документ йæ дæлбар ОФК-ы тыххæй зонæнтимæ.

ЦХИНВАЛ, 20 июн — Sputnik. Уæрæсейы Мидхъуыддæгты министрады уголовон агуырды 4-æм операцион-агурæн хайы сæргълæууæг Саулохты Вадимы ӕрцахстой дыууæ мæйы æмгъуыдмæ, 2013 азы Гæджиты Асланы организацигонд фыдгæнон къорды уæнгтæй $ 100 мин райсыны фæдыл æм зæрдæ кæй æхсайы, уый тыххæй, дзырдæуы УФ СК сайтыл.

Слестгæнæн органты версимæ гæсгæ, Саулохты Вадим, кæцы уыцы рæстæджы куыста уголовон агуырды уæлдай ахсджиаг хъуыддæгты фæдыл оперативон кусæгæй, 2013 азы $ 100 миныл радта Гæджиты Асланмæ йæ дæлбар ОФК-ы тыххæй зонæнтимæ документ.

Гӕджиты Асланы къорды уӕнгтыл тӕрхонимӕ разы не сты адвокаттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гӕджиты Асланы къорды уӕнгтыл тӕрхонимӕ разы не сты адвокаттӕ

"Саулохты Вадим æрцыд ахст 2016 азы 15 июны УФ УК 290 ст.6 хаймæ гæсгæ, фыдракæнд саразыны фæдыл æм зæрдæ кæй æхсайы, уый фæдыл. Рахастæуыд ын тæрхон дыууæ мæйы æмгъуыдмæ ахæсты бакæнын", — дзырдæуы хъусинаджы.

Гуырдзыстонæй рацæуæг Гæджиты Аслан цы фыдгæнджыты къорд сарæзта, уый йæ криминалон архайд райдыдта 2004 азы, йе сконды уыд 50 уæнгæй фылдæр. Сарæзтой 60 лæгмардæй фылдæр. Сæ къухтæй фӕмард Дзæуджыхъæуы раздæры мэр Хъараты Виталий æмæ РЦИ-Аланийы хицауады сæрдары хæдивæг Пагæты Хъазбег, афтæ ма сæ лæгмæрдты номхыгъды сты барадхъахъхъæнæн органты кусджытæ, хицауады кусджытæ, амалиуæггæнджытæ æмæ æндæртæ.

Мæскуыйы областы МХМ-ы сæйраг управленийы пресс-службæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй ацы æрцахсты фæдыл йæ дæлхайады цæуы мидслужбæйон басгæрст.

"Басгæрсты фæстиуджытæм гæсгæ йæ къухдариуæггæнджытæ баййафдзысты æфхæрд суанг барадхъахъхъæнæн органтæй сæ бынæттæй сисыны онг", — дзырдæуы хъусинаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0