ЦХИНВАЛ, 20 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид арвыста тæфæрфæсы тел республикæ Карелийы сæргълæууæг Александр Худилайнены номыл, туристон къорды сывæллæтты трагикъон фæзианы тыххæй, фехъусын кодта къуырисæры паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.
"Стыр хъыгимæ Хуссар Иры сæмбæлдысты Сямозеро донуаты трагикъон хабарыл, кæцыйы рæстæджы фæмард сты сывæллæттæ. Хуссар Ирыстоны адæм, къухдариуæгады æмæ сæрмагондæй мæхи номæй кæнын тæфæрфæс ацы æбуалгъ трагедийы амæттæгты хиуæттæ æмæ хæстæджытæн. Ацы уæззау рæстæг мах хъынцым кӕнӕм сымахимæ æмæ уын дих кæнæм уæ рис", — дзырдæуы телы.
Карелийы сывæллæтты хосгæнæн лагерь "Парк-отель Сямозеро"-йы сывæллæттæ æмæ инструктортæ сабаты бахаудысты карз уады цады. Туристон къорды уыд 51 адæймаджы, уыдонæй цыппарæй уыдысты хистæр кары адæм. Уæрæсейы Слестгæнæн комитеты фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 14 сывæллоны фæдæлдон сты, иуы мард буар нырма нæ бантыст ссарын.
Уæрæсейы УУМ-ы сæргълæууæг Владимир Пучков куыд загъта, афтæмæй трагеди цы лагеры æрцыд, уый æрцæудзæн æхгæд.