Слуцкий фехъусын кодта, кæй цæуы УФ æмбырдгонды сæйраг тренеры бынатæй

© Sputnik / Владимир Песня /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейы æмбырдгонды сæйраг тренер Леонид Слуцкий
Уæрæсейы æмбырдгонды сæйраг тренер Леонид Слуцкий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Командæ Европæйы чемпионатæй куы ратахт, уæд æмбырдгонды тренер бамбарын кодта, 2018 азы хæдзарон дунейы чемпионатмæ хъазджыты кæй хъуамæ бацæттæ кæна æндæр специалист.

ЦХИНВАЛ, 21 июн — Sputnik. Командæ Европæйы чемпионатæй куы ратахт, уæд футболæй Уæрæсейы æмбырдгонды сæйраг тренер Леонид Слуцкий бамбарын кодта, кæй цæуы УФ æмбырдгонды сæйраг тренеры бынатæй æмæ 2018 азы хæдзарон дунейы чемпионатмæ хъазджыты кæй хъуамæ бацæттæ кæна æндæр специалист, хъусын кæны агентад "Р-Спорт".

Уæрæсейы æмбырдгонд къуырисæры Тулузæйы фембылд Уэльсы командæйæн (0:3) Европæйы чемпионаты къордты стадийы æлхынцъон матчы ӕмӕ бацахста цыппæрæм бынат къорд "В". Раздæр англисæгтимæ ахъазыдысты 1:1, уый фæстæ фембылд сты словактæн 1:2.

Уэльсимæ матчы фæстæ Слуцкий сразы, ныхмæлæууæг кæй уыд тыхджындæр æмæ сарæзта арæхстджын фидиуæн.

"Мах фыдæнхъæл фестæм нæ хъазтæй æмæ фæмæнг кодтам нæ фарсхæцджыты ныфсытæ. Мæ хъуыдымæ гæсгæ. Тренеры хъæуы баивын, ноджы ма цы — уый та у фарст Уæрæсейы футболон цæдисмæ", — загъта Слуцкий.

Слуцкий слæууыд Уæрæсейы æмбырдгонды сæргъ фарон августы. Уӕд уыд тӕссаг уымæй, æмæ националон командæ ма бахаудтаид Евро-16 финалон стадимæ, цы ранмæ хызтысты 24 бæстæйы. Австриæгтæн куы фембылдысты 0:1 хыгъдæй, уæд Уæрæсейы футболон цæдис аскъуыддзаг кодта Фабио Капеллойы бæсты æмбырдгонды зондамонæджы бынат кæй хъуамæ бацахса Леонид Слуцкий.

Ног хабӕртты лентӕ
0