Арцеуы ӕрцахстой 23-аздзыд гуырдзиаг арӕнсӕттӕджы

© Sputnik / Семиряга /  Ахизын медиабанкмæАрӕнхъахъхъӕнджытӕ
Арӕнхъахъхъӕнджытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арӕнсӕттӕджы ӕрцахстой Цхинвалы районы Арцеуы хъӕумӕ хӕстӕг.

ЦХИНВАЛ, 22 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы ӕрцахстой 23-аздзыд арӕнсӕттӕджы Гуырдзыстонӕй, хъусын кӕны паддзахадон ӕдасдзинады комитеты пресс-службӕ.

ПӔК арӕнгӕрон службӕ ӕрвылбон дӕр хъусын кӕны республикӕйы арӕн ӕмӕ арӕнгӕрон режим фехалыны цауты тыххӕй. Азы райдайӕнӕй нысан ӕрцыд 40 ахӕм цауы.

"Хуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыстоны 'хсӕн паддзахадон ӕрӕны фадыгыл, хъӕу Арцеуы цур арӕнхъахъхъӕнджытӕ ӕрурӕдтой гуырдзыстойнаг ӕмбӕстаджы. Уый разынд Гуры районы хъӕу Кирбалийы цӕрӕг", — фехъусын кодтой пресс-службӕйы.

Арӕнгӕрон службӕ ныртӕккӕ кусы ӕрмӕджытӕ тӕрхондонмӕ адӕттыныл.

Ног хабӕртты лентӕ
0