Тыбылты Леонид: Цхинвалы арæзтад фæуыдзæн 2017 азмæ

© Sputnik / Ада БагианЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны столицæйы арæзтады процесс кæронмæ бахæццæ уыдзæн 2017 азмæ, бындурон куыстытæ уагъд цæуынц Цхинвалы уынгтыл, загъта президент.

ЦХИНВАЛ, 23 июн — Sputnik. Цхинвалы рацарæзт кæронмæ бахæццæ уыдзæн 2017 азмæ, загъта президент Тыбылты Леонид йæ интервьюйы Sputnik Хуссар Ирыстон æмæ РИА Новости.

"Нæ бон зæгъын у, рацарæзтон процесс кæй фæхæццæ кæны кæронмæ. Азы кæронмæ арæзт æрцæудзысты ноджы 11 уынджы, иннæ аз дæр уый бæрц. 2017 азы кæрон зæгъæн уыдзæн, Цхинвалы рацарæзтон куыстытæ кæй бахæццæ сты кæронмæ", — загъта президент.

Уый банысан кодта, нырма кæй нæ ахицæн хисæрмагонд хæдзæрты фарст, кæцытæ ныппырх сты æрмæст 2008 азы цауты рæстæджы нæ, фæлæ бирæ раздæр, "фæлæ, хъыгагæн, сæрмагонд секторы сæндидзæн, капиталон цалцæг æмæ ног арæзтады программæ кæронмæ бахæццæ".

"Нæ разы цы хæслæвæрдтæ уыд, уый нымæцы финансон фæрæзтæ, уыдон кæронмæ бахæццæ сты æмæ абон махæн нал ис уыцы куыст адарддæр кæныны фадат. Цы агъуыстытæ сарæзтам, уыдон мах банымадтам приоритетоныл", — загъты Тыбылты Леонид.

Ног хабӕртты лентӕ
0