Дзæуджыхъæуккаг чызджы марæгæн бавдыстой азымы æвдисæнтæ

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæАхӕстон
Ахӕстон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фыдракæнд саразыны фæдыл зылыны тæрхон бавдыст æрцыд УФ УК 105 ст. 1 хаймæ гæсгæ (лæг амарын).

ЦХИНВАЛ, 23 июн — Sputnik. Слестгæнджытæ бавдыстой Дзæуджыхъæуы цæрæгæн 14-аздзыд чызг амарыны фæдыл азымы æвдисæнтæ, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны СК пресс-службæ.

Фыдракæнды бынат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзæуджыхъæуы цæрæг басаст, кæй амардта 14-аздзыд чызджы

Слестгæнæн органты бæлвырдгæнæнтæм гæсгæ, азымгонд æрбакодта амæттаджы Дзæуджыхъæуы Марковы уынгыл ныккæндон агъуыстмæ аныхас кæнынмæ. Уыдон фæхыл сты, азымгонд амардта чызджы æмæ йæхи бааууон кодта.

"Ирыстойнаг æхсæнрайонон слæстгæнæн отдел бавдыста зылыны тæрхон 21-аздзыд дзæуджыхъæуккаг цæрæгæн УФ УК 105 ст. 1 хаймæ гæсгæ (лæг амарын)", — дзырдæуы ведомствӕйы хъусинаджы.

Слестгæнæн органты куырдиатмæ гæсгæ йын тæрхондон аскъуыддзаг кодта ахæсты баконд.

Ног хабӕртты лентӕ
0