ЦХИНВАЛ, 23 июн — Sputnik, Козаты Дианæ. Хуссар Ирыстоны парламент æввахс рабадты рæстæджы æркæсдзæн, ЦÆК конституцион закъæттæм цы барастгæнинæгтæ бахастой, уыдонмæ. Фарст цыппæрæмы скъуыддзаг цыд президиумы рабадты.
Хуссар Ирыстоны ЦÆК раздæр раразмæ кодта хъæппæрис æвзæрстон закъæттæм барастгæнинæгтæ бахæссыны тыххæй, цæмæй фæкарздæр уой президенттæм кандидаттæм домæнтæ.
Закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдразамынды фæдыл парламентон комитеты разамонæг Коцты Олесяйы ныхæстæм гæсгæ, ацы фарстытыл комитеты иу æмæ дыууæ хатты нæ цыд дзырд æмæ иу сæ алыварс алыхаттдæр уыд æхсидгæ быцæутæ.
"Стыр полемикæ айтынг президенттæм кандидатты фарсхæцыны тыххæй къухфыстты нымæцы тыххæй. ЦÆК бахаста фæндон сæ нымæц иу минæй фондз мины онг фæфылдæр кæнын. Ууыл бирæ дзырд цыд æмæ депутаттæ иууылдæр сразы сты, иу мин къухфыст президенттæм кандидаттæн тынг чысыл нымæц кæй у, фондз мин та æгæр бирæ. Фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, президенттæм кандидат хъуамæ уа ахæм адæймаг, кæцыйæн ис стыр авторитет адæмы æхсæн", — загъта комитеты разамонæг.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, бирæ уынаффæты фæстæ депутаттæ дæр æмæ ЦÆК-ы уæнгтæ дæр æрцыдысты иумæйаг хъуыдымæ, зæгъгæ, президенттæм кандидаттæ раразмæ кæныны тыххæй хъуамæ æрæмбырд кæной 3, 5 мин æмбæстаджы къухфысттæ.
Спикер Бибылты Анатолий зæрдыл æрлæууын кодта 2011 азы фæззæджы кризис республикæйы æмæ Хуссар Ирыстонæн президентон æвзæрстытæм кандидатты нымæц кæй уыд рекордон бирæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, радон æвзæрстагъоммæ фембæлдтыты рæстæджы æвзарджытимæ адæм дзырдтой, уавæр кæй нал хъæуы руадзын.
"Ацы ивындзинæттæ дзуапп дæттынц адæмы домæнтæн, кæцытæ хъуыстам æвзæрсты агъоммæ кампаниты рæстæджы. Цӕрджытӕ иууылдæр дзырдтой, уый раст кæй нæу æмæ йын хъæуы арæн скæнын. Хъæуы æмбарын президенты бынаты нысаниуӕг, уый кæй у тынг бæрнон куыст", — загъта Бибылты Анатолий.
ЦӔК ма раразмæ кодта хъæппæрис къамисы æрдæгпрофессионалон бындурмæ рахизын кæнын фæдыл. Парламенты президиумы уæнгтæ сразы сты ацы ивындзинæдтыл, фæлæ бафиппайдтой, ЦӔК-ы уæнгтæн сӕ статус кӕй хъуамæ æрæмных уа уæлдæр тæрхондоны тæрхонгæджыты статусмæ нӕ (раздæр куыд хъавыдысты), фæлæ паддзахадон службæгæнджыты статусмӕ.