ЦХИНВАЛ, 23 июн — Sputnik. Парти "Справедливая Россия" фæнд кæны раразмæ кæнын Паддзахадон Думæмæ футболæй Уæрæсейы æмбырдгонды раздæры сæйраг тренер Гæззаты Валерийы, фыссы газет "Коммерсант".
Мыхуыры орган фехъусын кодта, зындгонд тренер кæй слæудзæн регионалон къорды сæргъ, кæцымæ бацæудзысты Цæгат Ирыстон (Валерий йæхæдæг у Дзæуджыхъæуæй), Хъæрæсе-Черкес, Кæсæг-Балхъар æмæ Цæцæн.
Газет ма фехъусын кодта, Гæззаты Валерий йæхæдæг кæй нæ раразмæ кодта хъæппæрис, "фæлæ йæ срекомендаци кодтой партийы къухдариуæгадæн, уымæн æмæ райдианы уыд æндæр кандидаттæ дæр".
"Алчидæр цæуы съездтæм, схъомпал сты, æмæ бирæ цыдæртæ ивд æрцæуынц фæстагмæ, фæлæ æххæстбарджын минæварадимæ уый скъуыддзаг нæ цыд", — фыссы "Коммерсант".
Гæззаты Валерий лæууыд Уæрæсейы æмбырдгонды сæргъ 2002-2003 азты, уыд "Алания", "Динамо" (Мæскуы), ЦСКА, "Динамо" (Киев) сæйраг тренер. 2012 азы президентон æвзæрстыты рæстæджы уыд Владимир Путины æууæнчы лæг.
2013 азы иста хайад "Общероссийский народный фронт"-ы бындурæвæрæн съезды.
Паддзахадон Думæмæ радон депутатон æвзæрстытæ уагъд цæудзысты 18 сентябры.