Теделеттаг 18 хосдзауы номарынæн

© Sputnik / Аида ГагиеваSputnik Хуссар Ирыстон сӕвӕрдта цырт Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хъайтартӕн Теделеты хъӕуы
Sputnik Хуссар Ирыстон сӕвӕрдта цырт Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хъайтартӕн Теделеты хъӕуы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕвзӕр хабæрттæ 18 лæппуйы æрæййæфтой хосгæрдæны, уæлхох хъæу Теделеты. Лæппутæ сæ цæвджытæ æрцауыгътой æввахсдæр бæласыл æмæ араст сты райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынмæ ахæм ныхæстимæ: "Æрыздæхдзыстæм æмæ кæронмæ карст фæуыдзыстæм". Уыдонæй ничи æрæздæхт райгуырæн хъæумæ, фæлæ сæ истори ныры онг дæр у удыгас.

ЦХИНВАЛ, 23 июн — Sputnik, Гæджиты Аидæ. Ӕстдӕс цæвæджджыны историимæ Sputnik Хуссар Ирыстоны редакцийы кусджытæ базонгæ сты проект "Ацы Уæлахиз æрхаста…" реализацийы рæстæджы, кæцы нывонд уыд Уæлахизы боны цытæн. Ацы истори нæ зæрдæмæ тынг æввахс айстам æмæ цалдæр боны фæстæ, апрелы мах араст стæм Теделеты хъæумæ, цæмæй бынӕттон цæрджытæн сæхи дзыхæй фехъусæм ацы историйы цаутæ.

Чиныг "Дзауы район Стыр Фыдыбæстæйон хæсты" фыст историмæ гæсгæ, фронтæй радон хабæрттæ 18 лæппуйы æрæййæфтой хосгæрдæны, уæлхох хъæу Теделеты. Лæппутæ сæ цæвджытæ æрцауыгътой æввахсдæр бæласыл æмæ араст сты райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынмæ ахæм ныхæстимæ: "Æрыздæхдзыстæм æмæ кæронмæ карст фæуыдзыстæм". Уыдонæй ничи æрæздæхт райгуырæн хъæумæ, фæлæ сæ истори ныры онг дæр у удыгас.

Мах сфæнд кодтам уæды "инсталляци" сæндидзын кæнын, кæцы бирæ рæстæг зæрдыл лæууын кодта ацы хосдзауты тыххæй мысинæгтæ, фæлæ фæстæдæр фесæфт рæстæджы æндæвдадæй.

Мемориал саразынӕн нын баххуыс кодта Алан Татаров, кæцыйы тыххæй мах базыдтам социалон хызæгтæй. Ацы адæймаг æвæстиатæй сразы нæ куырдиатыл, æмæ фидыны тыххæй дзырд куы æрхауд, уæд æфсæрмдзæстæй загъта: "ницы мын хъæуы фидын, уый æз дæн хæсджын мæн тыххæй йæ цард чи радта, уыдоны раз!" Аланы тынг фæндыд мемориал бакæныны церемонийы хайад райсын, фæлæ йын цавæрдæр аххосæгтæм гæсгæ фадат нæ фæцис Хуссар Ирмæ æрцæуын. Теделеты хъæуы цæрджытæн фадат кæд нæ фæцис æрмдæсныйæн йæ куысты тыххæй йæхицæн бузныг зæгъын, уæддæр уыдон бахатыдысты Sputnik кусджытæм, цæмæй фæхæццæ кæной бузныджы ныхæстæ Аланмæ æмæ мах дæр æмбал кæнæм ацы арфæтæм.

© Sputnik / Аида ГагиеваSputnik Хуссар Ирыстон сӕвӕрдта цырт Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хъайтартӕн Теделеты хъӕуы
Sputnik Хуссар Ирыстон сӕвӕрдта цырт Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хъайтартӕн Теделеты хъӕуы - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/4
Sputnik Хуссар Ирыстон сӕвӕрдта цырт Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хъайтартӕн Теделеты хъӕуы
© Sputnik / Аида ГагиеваSputnik Хуссар Ирыстон сӕвӕрдта цырт Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хъайтартӕн Теделеты хъӕуы
2/4
Sputnik Хуссар Ирыстон сӕвӕрдта цырт Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хъайтартӕн Теделеты хъӕуы
© Sputnik / Аида ГагиеваSputnik Хуссар Ирыстон сӕвӕрдта цырт Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хъайтартӕн Теделеты хъӕуы
3/4
Sputnik Хуссар Ирыстон сӕвӕрдта цырт Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хъайтартӕн Теделеты хъӕуы
© Sputnik / Аида ГагиеваSputnik Хуссар Ирыстон сӕвӕрдта цырт Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хъайтартӕн Теделеты хъӕуы
4/4
Sputnik Хуссар Ирыстон сӕвӕрдта цырт Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хъайтартӕн Теделеты хъӕуы
1/4
Sputnik Хуссар Ирыстон сӕвӕрдта цырт Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хъайтартӕн Теделеты хъӕуы
2/4
Sputnik Хуссар Ирыстон сӕвӕрдта цырт Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хъайтартӕн Теделеты хъӕуы
3/4
Sputnik Хуссар Ирыстон сӕвӕрдта цырт Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хъайтартӕн Теделеты хъӕуы
4/4
Sputnik Хуссар Ирыстон сӕвӕрдта цырт Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хъайтартӕн Теделеты хъӕуы

Нæ проект реализацийæн нæ цы хъуыд, уыдон балхæныны фæстæ, мах араст стæм Хуссар Ирыстоны дæрддзæф хъæутæй иу — Теделетмæ. Уырдæм фæндаг цæуы Эрцъойы цады уылты, кæцыйæ нæ нырма хъуыд цæуын 40 минуты бæрц æвзæр фæндагыл.

Хъæуы цæрджытæ уазджытыл æмбæлдысты цингæнгæйæ, уымæн æмæ Теделетмæ нæ раздæры балцы рæстæджы мах ссардтам æмгæрттæ, сæ иу — Синагуры астæуккаг скъолайы директор Бестауты Аркадий. Уый у диссаджы адæймаг, стыр удыхъæды хицау. Цырт сæвæрыны хъæппæрис тынг йæ зæрдæмæ фæцыд, æмæ æрдæгсахатмæ амбырд кодта æгас хъæуы цæрджыты мадзалы хайад райсыны тыххæй.

Мемориалон фæйнæг цытджын æгъдауæй сæвæрыны фæстæ райдыдта цæрджытæн сæхи акци. Хъæуы цæрджытæ систой цæвджытӕ æмæ сæ фæд фæдыл рахастой ног карст кæрдæгыл мемориалмæ цæуæг фæндагыл, цæмæй сæ æрцауындзой бæласыл, кæддæр сæ 18 хосдзауы фронтмæ ацыды размæ цы хуызы ныууагътой, афтӕ.

Афтæ райдыдта мемориал бакæныны церемони, цы ран райста хайад агентад Sputnik къухдариуæггæнæг Нарек Ордян дæр. Хъæуы цæрджыты раз йæ раныхысы уый банысан кодта, нæ хæс кæй у 22 июны 75 азы размæ цаутæ зæрдыл дарын.

"Алчидæр хорз зоны, цы хайбаврд бахастой ирон адæм Уæлахизы хъуыддагмæ, уый нымæцы Теделеты Хъæуы цæрджытæ дæр. Абон мах арæм уыцы 18 хъайтарты рухс нæмттæ, кæцытæ æрыгон кары ныууагътой сæ хæдзæрттæ, сæ хиуæттæ æмæ хæстæджыты æмæ ацыдысты райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынмæ. Ныфс нæ ис, ацы мемориал кæй фæахъаз уыдзæн уымæн, цæмæй рæзгæ фæлтæрæй ма уа рох ацы хъæбатырдзинад", — загъта Ордян.

© Sputnik / Аида ГагиеваSputnik Хуссар Ирыстон къухдариуӕггӕнӕг Нарек Ордян Теделеты
Мемориал в селе Теделет - Sputnik Хуссар Ирыстон
Sputnik Хуссар Ирыстон къухдариуӕггӕнӕг Нарек Ордян Теделеты

Синагуйраг астæуккаг скъолайы директор Бестауты Аркадий загъта бузныг Sputnik агентадæн ацы лæвары тыххæй.

"Сымах бакодтат диссаджы лæвар æнæхъæн комæн, цæрджытæн æмæ фæмардуæвджыты хиуæттæн. Уый хуымæтæг цырт нæу, ацы мадзалæн ис стыр хъомыладон нысаниуæг, уымæн æмæ дзы хайад райстой иууылдæр — стырæй чысылæй. Ацы мадзал баззайдзæн нæ сывæллæтты зæрдæты æмæ мæ фидарæй уырны, уыдон уæлдай кад кæндзысты ацы мемориалæн", — загъта Бестауты Аркадий.

Ацы бон мах бавзæрстам тынг ирд æнкъарæнтæ — мах сарæзтам чысыл, фæлæ ахсджиаг хъуыддаг. Мадзалы гуырахст стыр нæ уыд — нæдæр дзы районты кæнæ администрациты сæргълæуджытæ уыд, нæдæр чиновниктæ, нæ дæр мыхуыры фæрæзтæ æмæ æвæццæгæн уый тыххæй мадзал рауад тынг зæрдæагайæг æмæ аив.

Ног хабӕртты лентӕ
0