Адӕмон кӕфтытӕ ӕмӕ хъӕзтыты изӕр ацæудзæн Цхинвалы

© Sputnik / Ада БагианХъазт
Хъазт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сабитæ, фæсивæд æмæ хистæр кары адæм хуынд цæуынц сæ арæхстдзинад кафты равдисынмӕ, се̒ взыгъддзинад та традицион ирон хъæзтыты - лæгты дугътæ æмæ къæбæлæй хъазынæй бафæлварынмæ.

ЦХИНВАЛ, 23 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны адæмон сфæлдыстады центр республикӕйы цӕрджыты майрӕмбоны хоны адӕмон кӕфтытӕ ӕмӕ хъӕзтыты изӕрмæ Цхинвалы Ногдзауты паркмæ, фехъусын кодта Sputnik центры директор Гуыцмæзты Эльза.

Сабитæ, фæсивæд æмæ хистæр кары адæм хуынд цæуынц сæ арæхстдзинад кафты равдисынмӕ, се̒ взыгъддзинад та традицион ирон хъæзтыты — лæгты дугътæ æмæ къæбæлæй хъазынæй бафæлварынмæ.

"Мадзалы рæстæджы арæзт æрцæудзысты традицион ирон хъæзтытæ. Йæхи уæлдай хорз чи равдиса, уыдонæн лӕвӕрд ӕрцӕудзысты призтӕ. Афтӕ ма мадзалы рӕстӕджы вокалон-инструменталон ансамбль "Мемориал" æмæ Цхинвалы культурæйы хайады музыканттæ сæххæст кæндзысты зарджытæ", — радзырдта Гуыцмæзты Эльза.

Уый зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, зӕгъгӕ, ирон адӕмы фыдӕлтӕ ахæм хъӕзтытæ арæзтой æрвылизӕр дӕр æмæ ацы æгъдау хъæуы сног кæнын.

Организаторты фæндмæ гæсгæ, ирон хъӕзтыты изӕртӕ Ногдзауты парчы цæудзысты ӕнæхъæн сæрд алы майрæмбон изæр дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0