Цæгат Иры хæхтæй иуæн ратдзысты Ӕгъуызарты Тамерланы ном

© пресс-служба главы РСО-АӔгъуызарты Тамерлан
Ӕгъуызарты Тамерлан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæззау маршрутмæ æнæкæсгæйæ, альпинистты къорд схызт æнæном хохы цъупмæ. Хæрмæцыды нысан уыд хохы цъуппæн Ӕгъуызарты Тамерланы ном раттын.

ЦХИНВАЛ, 24 июн — Sputnik. Цæгат Ирыстоны 3800 метры бæрзæндæн хохы цъуппæн ратдзысты республикæйы раздæры сæргълæууæг Ӕгъуызарты Тамерланы ном, хъусын кæны ГТРК "Алания".

Ӕгъуызарты Тамерлан, кæцы Цæгат Иры сæргъ æрлæууыд 2015 азы, амард 52-аздзыдæй пневмонийы уæззау хуызæй. Раздæр Цæгат Ирыстоны дзыллæйад бахатыд горæты хицæуттæм Дзæуджыхъæуы уынгтæй иуæн æмæ гимназийæн Ӕгъуызарты Тамерланы ном раттын.

Дзæуджыхъæуы уынгтæй сæ иу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзæуджыхъæуы гимнази æмæ уынгæн лæвæрд æрцæудзæн Æгъуызарты Тамерланы ном

Ныр уал 3815 метры бæрзæндæн хоххы цъупп ис Ирафы комы. Фыццаг хатт йæ бæрзæндмæ схызтысты ирон альпинисттæ Абысалты Анатолий, Рафаэль Рамазанов æмæ Хæмыцаты Алан. Уæззау маршрутмæ æнæкæсгæйæ, альпинистты къорд сфæнд кодта схызт экстремалон уавæрты саразын — æнæ альпинистон ифтонггарзæй.

Хæрмæцыды нысан уыд хохы цъуппæн Ӕгъуызарты Тамерланы ном раттын. Хъæппæрис раразмæ кодта æхсæнадæмон организаци "Аланты тырыса". Ныр хохы къамтæ æмæ сфыст арвитдзысты Уæрæсейы Альпинистты федерацимæ, пикæн ном раттыны дарддæры процедурæ рацæуыны тыххæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0