Националон музей равдисдзæн ирон геноциды бæлвырдгæнæнтæ

© Sputnik / Руслан ТадтаевХуссар Иры нацмузей
Хуссар Иры нацмузей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ног экспозици цæттæ уыдзæн 2008 азы гуыдзыстойнаг агрессийыл аст азы сæххæсты бонмæ.

ЦХИНВАЛ, 24 июн — Sputnik. Националон музей равдисдзæн ног экспозици, кæцы нывонд у ирон адæмы геноцидæн.

Экспозици æвæрд уыдзæн хæстон кады хайады, цы ран равдисдзысты геноциды бæлвырдгæнæнтæ, фехъусын кодта Sputnik нацмузейы пресс-секретарь Дзуццаты Тамарæ.

"Мах æмбырд кæнæм документалон æмæ фыст бæлвырдгæнæнтæ, кæцытæ бавзæрстой 1991 — 2008 азты хæсты фыдæвзарæнтæ. Ам æвæрд уыдзысты Америкæйы уагъд хæстæрмæджытæ, кæцытæ спырх сты Хуссар Иры территорийыл 2008 азы æмæ æндæртæ", — радзырдта уый.

Пресс-секретарь бафтыдта, музей кæй фæнд кæны рахицæн кæнын экспозицийæн хицæн бæстыхай нырыккон техникæимæ, кæцы цæттæ уыдзæн Фыдохы бонмæ — 8 августмæ. Уыцы бон Гуырдзыстон райдыдта æххæстмасштабон æфсæддон архæйдтытæ Хуссар Иры ныхмæ.

Дзуццаты Тамарæйы ныхæстæм гæсгæ, информаци æмæ буарадон бæлвырдгæнæнтæ æмбырд кæнын рæстæджы сын стыр æххуыс бакодтой РХИ Мидхъуыддæгты министрад æмæ прокуратурæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0