Гасситы Мурӕт æмæ Лебедевы ныхмӕлӕуд сорганизаци кӕныныл стох кæндзысты промоутерон компанитæ

© FacebookИрон боксер Гасситы Мурӕт
Ирон боксер Гасситы Мурӕт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Боксы æхсæнадæмон федерацийы (IBF) уынаффæмæ гæсгæ Лебедев хъуамæ IBF титул бахъахъхъæна Гасситы Мурӕтимæ тохы.

ЦХИНВАЛ, 24 июн — Sputnik. Профессионалон боксертæ Денис Лебедев æмæ Гасситы Мурӕты хсæн ныхмӕлӕуд ауадзыныл 5 июлы стох кæндзысты промоутерон компанитæ, фехъусын кодта Sputnik ирон боксеры тренер Сланты Виталий.

Гасситы Мурӕты уæлахиз америкайаг боксер Джордан Шиммелыл ирон боксерæн фадат радта Боксы æхсæнадæмон федерацийы (IBF) чемпионы титулмæ претендент суæвынæнӕн. Ирон боксеры æнтыстджын тохы рæстæджы Лебедевы къухы дæр бафтыд æнгæс æнтыст — уый нокаутæй рамбылдта аргентинӕйаг боксер Виктор Рамиресы æмæ уый хыгъд баиу кодта Боксы æппæтдунейон ассоциацийы (WBA) æмæ Боксы æхсæнадæмон федерацийы (IBF) титултæ. Ныр уый хъуамæ рахиза ирон боксеры ныхмæ.

Гасситы Мурæт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурæт нокаутæй бакодта йæхицæн фæндаг чемпионы титулмæ

"Боксы æхснадæмон федерацийы уынаффæмæ гæсгæ Денис Лебедев хæсджын у IBF-ы титул бахъахъхъæныны сæраппонд стох кæнын Гасситы Муратимæ. Ацы ныхмӕлӕуд ауадзыныл промоутерон компанитæ стох кæндзысты 5 июлы", — загъта тренер.

Уый фидарæй уырны, ацы тох æнæмæнгæй дæр кæй ацæудзæн, "Лебедев у фидар ныхмæлæууæг æмæ тохы фæстиуæгæн ныхмæлæуджытæй иу райсдзæн дунейы чемпионы титул".

Амæй размæ боксы æхсæнадæмон федерацийы фехъусын кодтой, Рамирес æмæ Лебедевы тох арæзт кæй æрцыд ахæм домæнимæ, цæмæй уæлахиздзау стæй та йæ тыхтæ бафæлвара ног ныхмæлæууæгимæ, уый та уыдзæн Гасситы Мурат, уымæн æмæ уый ис рейтингы дыккаг бынатыл.

IBF-ы банысан кодтой, кæд æмæ дыууæ фарс сæхæдæг нæ бадзурой, уæд федераци йæхæдæг снысан кæндзæн датæ, йæ ауадзыны бынат æмæ организаторы.

Ног хабӕртты лентӕ
0