Фæсивæды боны цытæн Morandi ратдзæн концерт Цхинвалы

© Sputnik / Екатерина Чеснокова /  Ахизын медиабанкмæКъорд Morandi
Къорд Morandi - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зындгонд къорд Хуссар Ирмæ æрцыд республикæйы президент æмæ фæсивæды фæдыл комитеты фæхуындмæ гæсгæ.

ЦХИНВАЛ, 27 июн — Sputnik. Популярон румынаг къорд Morandi Фæсивæды боны цытæн ратдзæн концерт Цхинвалы, фехъусын кодта Sputnik фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты сæргълæууæг Зассеты Сергей.

"Румынаг къорд, кæцыйæн ис милуан табугæнджытæ æппæт дунейы, сæххæст кæндзæн йæ хиттæ бæрæгбонон концерты. Хуссар Ирыстоны президент æмæ фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитет сарæзтой лæвар Хуссар Иры фæсивæдæн æмæ æрхуыдтой зындгон æмæ алкæмæндæр уарзон къорд нæ республикæмæ", — загъта Зассеты Сергей.

Комитеты разамонæг ма банысан кодта, концертмæ хуынд кæй æрцыд районты цæрæг фæсивæд дæр.

Фæсивæдон политикæ – архайды мидӕг 34 ЧПУ: - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фæсивæдон политикæ – архайды мидӕг

Бæрæгбоны фæдыл, кæцы æрвылаздæр нысан кæнынц Хуссар Ир æмæ Уæрæсейы, фæсивæдæн къуырисæры раарфæ кодта президент Тыбылты Леонид.
Йæ цæст бауарзта фæсивæдæн ирд уæлахизтæ, кæцытимæ баст у республикæйы дарддæры размæцыд.

"Республикæйы къухдариуæгад аразы æппæтдæр, цæмæй сымахæн уа фылдæр фадӕттæ уæ размæцыд æмæ реализацийæн. Уе ‘нтыстытыл ма ныллæут, фæлæ фидарæй цæут дарддæр. Фидæны сымах дæтдзыстут дзуапп нæ республикæйы райрæзтæн", — дзырдæуы арфæйы.

Фæсивæды боны цытæн бæрæгбонон концерт уагъд æрцæудзæн Театралон фæзуатыл къуырисæры, 19 сахатыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0