Тугъанты Махарбеджы райгуырæн бонмæ Цæгат Иры бакæндзысты равдыст æмæ йӕ хæдзар-музей

© Картина М. ТугановаТугъанты Махарбеджы куыст
Тугъанты Махарбеджы куыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыууæ мадзалы дӕр фенæн уыдзæн гениалон нывгæнæджы куыстытæ æмæ æнгомдæр базонгæ уæвын йæ цардвæндагимæ.

ЦХИНВАЛ, 27 июн — Sputnik. Зынгæ ирон ӕдӕмон нывгæнæг, ахуыргæнæг, иллюстратор Тугъанты Махарбеджы райгуырдыл 135 азы сӕххӕсты цытӕн къуырисӕры Цӕгат Ирыстоны бакӕндзысты равдыст ӕмӕ йӕ хӕдзар-музей, хъусын кæны РЦИ-А культурæйы министрады пресс-службæ.

Равдыст байгом уыдзӕн нывгӕнӕджы номхæссæг Аивадон музейы Дзæуджыхъæуы, йӕ мемориалон хӕдзар-музей та Махарбеджы райгуырӕн хъӕу — Тугъантыхъӕуы.

"Музейы ис хъæзныг æрмæг Тугъанты бинонты æмæ Махарбеджы архайды тыххæй, нывгæнæджы фыд Сафары библиотекæйӕ чынгуытæ. Хæдзары ма фенæн ис нывгӕнӕджы куыстытӕ æмæ кæцыдæртӕн та сӕ репродукцитӕ", — хъусын кӕны пресс-службӕ.

Хъусинагæй ма куыд бæрæг у, афтӕмӕй равдысты уыдзæн Тугъанты Махарбеджы иууыл зындгонддӕр куыст "Нарты цæл" æмæ экспозициты чи нæ архайдта, ахæм ныв — Хетæгкаты Къостайы сурæт, кæцы музейæн балæвар кодтой ивгъуыд азы.

Ног хабӕртты лентӕ
0