Цхинвайлаг дзюдоисткæ ссис æхсæнадæмон турниры призер Абхазы

© Sputnik / Владимир Астапкович /  Ахизын медиабанкмæДзюдо
Дзюдо - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Амæй размæ та æрыгон дзюдоисткæ рамбылдта Цæгат Кавказы федералон зылды ерыстæ.

ЦХИНВАЛ, 28 июн — Sputnik. Хуссарирыстойнаг ӕвзонг дзюдоисткӕ Ӕлборты Алана рамбылдта бронзӕ майдан æхсæнадæмон ерыстæ "Кубок Абхази"-йы, фехъусын кодта Sputnik спортсменкӕйы тренер Тъуриты Тенгиз.

Ӕлборты Алана дзюдомæ цæуы æрмæстдæр иу азы дæргъы, фӕлӕ йын ныридӕгӕн ис хорз бæрæггæнæнтæ.

"Хорз цæттæ дзюдоисткӕ у Алана, алкæцы турниры дæр йӕхи равдисы аккагӕй. Абхазы æхсӕнадæмон турниры архайгæйæ уый рамбылдта Уæрæсейы уæлахиздзауы, фæлæ стæй фæхæрд ис Европæйы чемпионæн", — загъта тренер.

© Личный архивӔлборты Алана
Алборова Алана - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕлборты Алана

Ӕрӕджы та æрыгон дзюдоисткæ рамбылдта Цæгат Кавказы федералон зылды ерыстæ.

Ӕлборты Алана архайы 2003 азы гуырд спортсменкæты ‘хсæн. Цæттæ йæ кæны тренер, спорты мастер ӕмӕ Советон Цæдисы уæлахиздзау Тъуриты Тенгиз.

Ног хабӕртты лентӕ
0