Арӕнхъахъхъӕнджытӕ сгарынц транспорт Гуырдзыстонимӕ арӕныл

Рафыссын
Sputnik уацхæссджытæ бацыдысты Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны паддзахадон арæныл Ленингоры районы уадзæн пункт "Раздахæн"-мӕ æмæ федтой, куыд кусы, уый.

"Раздахæн" йæ куыст райдыдта 2010 азы, дыууæ азмæ уадзæн пункт æххæстæй æрцыд хæрзарæзт. Ам æрвылбон дӕр хизынц 700 адæймаг æмæ 200 автомашинæйы.

Арæн хъахъхъæнынц уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ, кæцытæ ма фылдæр хатт кæнынц таможнæйы кусджыты куыст дæр.

Арæныл ахизæн ис æрмæстдæр сæрмагонд уадзӕн гӕххӕт бавдисгæйæ, кæцы райсæн ис Паддзахадон æдасдзинады комитеты, науæд та хуссарирыстойнаг паспортæй. Хуссар Ирыстоны хицауады уынаффæмæ гæсгæ, арæны сæрты хизыны бар ис æрмæстдæр Ленингоры хъæуы цæрджытæн.

Уадзæн пунктæй Тбилисмæ ис 60 км. Цалдæр километры фæстæ ис гуырдзиаг пост, кæцыйыл ахизæн ис æрмæстдæр гуырдзиаг паспорт — "пирадоба"-йæ.

Иу адæймагæн бар ис æрбаласын 50 кг уаргъ "хисæрмагонд пайдакæнынадæн". Фæлæ мæй иу хаттæй фылдæр нæ. Фæлæ практикæйы ацы уагæвæрд алыхатт нæ кусы.

Ног хабӕртты лентӕ
0