ЦХИНВАЛ, 29 июн — Sputnik. Уæрæсейы фидаргонд æрцыди мады капиталы æхцатæй иу хай райсыны ног фæткы тыххæй федералон закъон, хъусын кæны ПТРК "Алания".
Закъон райстӕуыд ацы аз 23 июны президент Владимир Путины уынаффæмæ гæсгæ.
"УФ-йы президенты уынаффæмæ гæсгæ, фидаргонд æрцыди, мады капиталы æхцатæй уыцы иу фыст кæй бакæнынц, ахæм фиддонты ног фæткы тыххæй федералон закъон. Сæ бæрц у 25 мин сомы, æмæ дзы бинонтæн сæ бон спайда кæнын у цардархайды цыфӕнды фарстаты дӕр", — дзырдæуы хусинаджы.
Æхца райсыны тыххæй куырдиат бадæттӕн нæй 2016 азы 30 ноябрæй фæстæдæр. 1 июлæй та адæмæн фадат уыдзæн куырдиат электрон хуызы бадæттынӕн, пенсион фонды сайтыл хи кабинет кæй хонынц, уый уылты. Уыцы лæггæдтæй сæ бон спайда кæнын у, паддзахадон æмæ муниципалон лæггæдты иумæйаг порталы регистрацигонд чи у, уыдонæн.