"Симд" йæ программӕ баххӕст кодта фондз ног кафтӕй

© Sputnik / Фатима ПлиеваАнсамбль СИМД
Ансамбль СИМД - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ранӕуæггонд программæйы уыдзысты трагикъон æмæ бæрæгбонон сюжеттимæ кæфтытæ - ирон кафты цыкура - "Симд", "Абхазаг кафт", афтæ ма "Бæрæгбонон Ирыстон", "Ныййарæджы зæрдæ" æмæ "Уарзондзинады кадæг". Ног кæфтытæ сæвæрыныл коллективимæ кусы æрхонгæ специалист Тедеты Русалан.

ЦХИНВАЛ, 30 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны кафт æмæ зарды паддзахдон ансамбль "Симд" йæ программӕ баххӕст кодта фондз ног кафтӕй, уыдон коллектив адӕмы рӕгъмӕ рахӕсдзӕн 6 июлы концерты рӕстӕджы. Ног кӕфтытæ сæвæрыныл кусы ӕрхонгӕ специалист, хореограф-æвæрæг Тедеты Руслан.

Тедеты Руслан куыста Цæгат Кавказы бирæ сфæлдыстадон коллективтимæ, ныридæгæн у Гергиты Валерийы номыл аивæдты колледжы хореографийы ахуыргæнæг. Уый йæхӕдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ фыдæлтæ цардысты Ирыстоны хуссар хай æмæ йын уымӕ гӕсгӕ ӕхсызгон у Цхинвалы кусын.

"Рæстæгмæ мæ æрхуыдтой ансамбльмӕ. Фыццаг хатт æрæфтыдтӕн ардӕм кусынмæ æмæ мæ зæрдæмæ æппæт дæр тынг фæцыд. Иу мæйы æмгъуыдмæ мæхимæ райстон ног кӕфтытӕ сæвæрын бæрн. Хорз, курдиатджын коллектив сты, æрмæстдæр семæ хъæуы кусын", — банысан кодта Тедеты Руслан.

© Sputnik / Фатима ПлиеваАнсамбль СИМД
Ансамбль СИМД - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ансамбль СИМД

Хореограф банысан кодта, ранӕуæггонд программæйы ансамблы раздæры репертуарæй дарддæр кӕй уыдзысты трагикъон æмæ бæрæгбонон сюжеттимæ кæфтытæ — ирон кафты цыкура "Симд", "Абхазаг кафт", афтæ ма "Бæрæгбонон Ирыстон", "Ныййарæджы зæрдæ" æмæ "Уарзондзинады кадæг".

"Симд" хорз кафыдысты, фæлæ ацы кафт у ирон адæмы цыкура æмæ йыл хъæуы ноджы кусын æмæ кусын, уымӕ гӕсгӕ йӕ ранӕуӕг кодтам. Симды мидæг иу нæ фыдæлтæ бацыдысты æмæ кодтой сæ сусæг ныхæстæ. Симдæй æгас спектакль дæр гæнæн ис саразын, фæлæ ууыл фӕстӕдӕр хъæуы ноджы бакусын. Афтӕ ма мӕ бафæндыд сæвæрын трагикон кафт "Ныййарæджы зæрдæ", — загъта Тедеты Руслан.

Симд-ы ног концерты ирон кафтæн табугæнджытæ фендзысты фондз ног кафты - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Симд"-ы концерты ирон кафтӕн табугӕнджытӕ фендзысты фондз ног кафты

Уымӕй дарддӕр ма фæстаг рæстæджы ансамблы зынгæ фæфылдæр кафджыты нымæц — "Симды" скондмæ æрхуыдтой республикæйы æндæр коллективтæй ноджы аст адæймаджы. Ансамблы аивадон къухдариуæггæнæг Гаглойты Ростик ныфс æвæры, 6 июлы концерт бирӕ хуыздæр ӕмвӕзадыл кæй уыдзæн раздæры мадзæлттæм абаргӕйӕ.

"Фæндзæм концерт дæттæм ацы аз æмæ ныры концерт хъуамæ уа иннæтæй рæсугъддæр. Кӕфтытæй дарддæр хуыздæр кæны хоры куыст дæр. Æрхуыдтам Тедеты лæппуйы æмæ æвæры ног кафтытæ, зӕрӕдтӕй кæцыдæрты та ноджы баххæст кæны. Коллективы сконд дæр фæфылдæр кодтам, уæлæмхасæй ма райстам ноджы фæйнæ цыппар лæппу æмæ чызджы", — радзырдта Гаглойты Ростик.

Ныридæгæн та уал коллектив йæхи активонæй цæттæ кæны концертмӕ, къорды баххæстгонд сконд æрвыл бон дӕр цалдæр сахаты репетици кæнынц куыд ног кӕфтытӕ, афтӕ зӕронд номыртӕ дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0