ЦХИНВАЛ, 30 июн — Sputnik, Босыкты Наталья. Хъуылымбегты Александр (райста филологы ахуырад) у РХИ фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы фӕдыл комитеты идеологон ӕмӕ хъомыладон куысты хайады раззагондӕр специалист, афтӕ ма йогайы инструктор.
Йога
Индиаг ахуыры практикӕйыл ныххӕцын Александры хъуыдымӕ ӕрцыд Сочимӕ йӕ балцы рӕстӕджы, цы ран ӕнӕнхъӕлӕджы бахауд йогайы урокмӕ. Ӕрыгон лӕппу ахӕм ирд тӕлмӕнтӕ райста ӕмӕ лӕмбынӕг ныхъхъуыды кодта йогайы ӕндӕвдады принциптыл адӕймаджы буарыл. Фӕстӕдӕр Александр рацыд йогайы инструкторты курстӕ Хъырымы.
"Мӕ царды йога стыр бынат бацахста, уый у тынг рагон зонад адӕймаджы тыххӕй, цы ран фыст у адӕймаджы архайды алы аспект дӕр. Мӕнӕн тынг фӕцыд мӕ зӕрдӕмӕ мӕ инструкторы ныхас, кӕцы дзырдта, зӕгъгӕ йогайы дӕсниадыл цы адӕймаг фӕхӕст уа, уый цыфӕнды уавӕры дӕр йӕхи ссардзӕн. Ӕмӕ уый раст у", — дзуры Александр.
Инструкторы ныхӕстӕм гӕсгӕ, йога тынг пайдаджын у адӕймаджы физикон ӕмӕ моралон уавӕрӕн, ахъаз у буар ӕмӕ уды гармонийӕн.
Бирӕ рӕстӕг Александр цард ӕмӕ ахуыр кодта Мӕскуыйы. Уӕрӕсейаг столицӕйӕ райгуырӕн Цхинвалмӕ цӕрынмӕ куы ӕрцыд, уӕд ӕрыгон инструктор сфӕнд кодта йогайы класс бакӕнын. Уӕды рӕстӕджы уый ссис фыццаг нӕ горӕты.
Ныртӕккӕ къорды ис 10 адӕймаджы, сӕйраджыдӕр 20 азӕй 50 азы кары сылгоймӕгтӕ.
"Ӕхсӕнады ис стереотиптӕ, зӕгъгӕ йога сӕйраджыдӕр ахуыр кӕнынц сылгоймӕгтӕ, фӕлӕ уый афтӕ нӕу. Цавӕрдӕр рӕстӕг къордмӕ цыдысты нӕлгоймӕгтӕ дӕр, фӕлӕ стӕй нал ӕрбацыдысты, ӕвӕццӕгӕн сӕхи моралон ӕгъдауӕй бынтон хорз нӕ хатыдысты", — дзуры уый.
Фӕсивӕдимӕ куыст
Йогайӕ дарддӕр, Александр лӕууыд Паддзахадон универистеты студсоветы сӕргъ, иста активон хайад алы мадзалы дӕр. Фӕстӕдӕр уыд парти "Иугонд Ирыстоны" фӕсивӕдон къабазы сӕргълӕууӕг.
"Фӕсивӕдон къабаз уыд иууыл бирӕнымӕц ӕмӕ активондӕр аннӕ парти ӕхсӕн. Фӕлӕ ректорӕн уыд домӕн — "студенттӕ политикӕйы нӕ исынц хайад". Уымӕ гӕсгӕ мын партийы фӕлгӕтты ссис зын иннӕ фӕсивӕдимӕ ӕмгуыстад кӕнын ӕмӕ аскъуыддзаг кодтон фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы фӕдыл комитетмӕ кусынмӕ бацӕуын —уырдӕм мӕ хуыдтой уый размӕ кусынмӕ", — дзуры Александр.
2015 азы июнӕй Александр у РХИ фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы фӕдыл комитеты идеологон ӕмӕ хъомыладон куысты хайады раззагондӕр специалист. Иу азмӕ йын бирӕ бантыст саразын. Хуссар Ирыстоны ӕвзонг фӕлтӕр исы активон хайад бирӕнымӕц форумты, кӕцытӕ комитет уадзы Уӕрӕсейы фӕсивӕдон хъуыддӕгты фӕдыл федералон агентадимӕ (УФХФА).
"Фӕстиуӕгджын ӕмгуыстады фӕрцы нӕ къухты бафтыдысты ӕнтыстытӕ. Кӕд 2012 азы Хуссар Ирӕй уӕрӕсейаг форумтӕм ацыд ӕрмӕстдӕр фондз адӕймаджы, уӕд нын 2015 азы та УФХФА рахицӕн кодта 129 квотӕйы. Уый бирӕ цӕуылдӕрты дзурӕг у", — радзырдта Хъуылымбегты Александр.
Лӕппуйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, РХИ арӕх уазджытӕ ссисты Абхазы фӕсивӕдон организациты минӕвӕрттӕ, кӕцытӕн фӕсивӕдон политикӕйы ис стыр фӕлтӕрддзинад.
"Абхазы фӕсивӕдон политикӕ ис хорз ӕмвӕзадыл. Нӕ коллегӕтӕ арӕх ӕрцӕуынц Цхинвалмӕ, фӕуадзынц алыгъуызон мастер-класстӕ нӕ фӕсивӕдӕн. Махӕн бирӕ цӕмӕйдӕрты ис бафӕзмӕн абхазӕгты, тырнӕм размӕцыдмӕ ӕмӕ фӕлтӕрддзинадмӕ", — банысан кодта уый.
Цӕмӕй дӕхицӕн цымыдисон ӕмӕ пайдаджын куыст ссарай, уый тыххӕй стыр нысаниуӕг ис ӕндӕр бӕстӕты фӕсивӕдимӕ ӕмбӕлынӕн. Уымӕ гӕсгӕ Александ архайы, цӕмӕй хуссарирыстойнаг ӕвзонг чызджытӕ ӕмӕ лӕппутӕ цӕуой алыгъуызон форумтӕм.
Ацы аз 60-йӕ фылдӕр адӕймаджы Хуссар Ирыстонӕй хайад райсдзысты уӕрӕсейаг стырдӕр фӕсивӕдон форумтӕ Машук ӕмӕ Селигеры, кӕцытӕ уагъд ӕрцӕудзысты августы. Ацы форумтӕ здӕхт сты фӕсивӕдон сфӕлдыстады размӕцыдмӕ, регионы культурӕйы райрӕзтмӕ, афтӕ ма националон традициты хъахъхъӕнынадмӕ.
Цы у ахсджиагдӕр?
Кӕцы професси у иууыл ахсджиагдӕр ацы фарст Александр дзуапп дӕтты, зӕгъгӕ, йога професси нӕу, фӕлӕ ӕвӕццӕгӕн хобби. Уый йын ӕххуыс кӕны райрӕзтӕн, йӕ уд ӕмӕ йӕ буарӕн. Фӕсивӕдон комитет та йын ис фылдӕр бӕрн ӕмӕ ӕндидзынад.