РЦИ-А сывæллæтты лагерты хъæндзинæдтæ хъуамæ иуварс æрцæуой 4 июлмæ

© Sputnik / Ада БагианЛагерь "Хуры тын" Цхинвалы
Лагерь Хуры тын Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæгат Ирыстоны республикон къамисы уæнгтæ æруынаффæ кодтой амæй размæ сывæллæтты лагерты басгæрстыты хатдзæгтыл.

ЦХИНВАЛ, 30 июн — Sputnik. Цæгат Ирыстоны сывæллæтты хосгæнæн æмæ санаторон-курортон организациты хъæндзинæдтæ хъуамæ иуварс æрцæуой 4 июльмæ. Ахæм уынаффæ рахастæуыд улæфтытæ сорганизаци кæныны фæдыл æхсæнведомствæйон къамисы рабадты, хъусын кӕны 15 регион.

Лагерь Хуры тын - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сывæллæтты лагертæ Хуссар Иры байгом кæндзысты æрмæстдæр лæмбынæг басгæрсты фæстæ

Карелийы æрцæугæ трагедийы фæстæ, Цæгат Ирыстоны УУМ уынаффæмæ гæсгæ, республикæйы лагерты фылдæр бæрц дзуапп нæ дæттынц зынгирвæзты фæдыл æдасдзинады нормӕтæм.

Къамисы уæнгтæ æрдзырдтой, амæй размæ цы сæрмагонд басгæрстытæ ауагътой, уыдон фæстиуджытыл. Рабæрæг ис, иумӕйагæй сисгæйæ, республикон лагертæ кӕй кусынц уагыл, фæлæ дзы кæцыдæрты æххæст нæ цæуынц зынгирвæзтæй бахизыны нормæтæ.

Ӕмбырды хайадисджытæ лагерты хицæуттæн радтой рекомендацитæ æппæт хъæндзинæдтæ аиуварс кæныны фæдыл. Къамис ма сфидар кодта Цæгат Ирыстоны æмæ Сау денджызы былтыл уæвæг лагерьты, цыран улæфынц цæгатирыстойнаг сывæллæттæ, сæрмагонд басгæрстыты график.

Ног хабӕртты лентӕ
0