Парламент сфидар кодта "биноныгдзинады цензы" хатдзӕгон вариант

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæӔвзӕрстытӕ
Ӕвзӕрстытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Барастгӕнинӕгтыл уынаффӕ кодтой дыууӕ сахатмӕ ӕввахс. Депутатты фылдӕр хай сӕ хорзыл кӕй банымадта, уый фӕстиуӕгӕн ӕрцыдысты фидаргонд.

ЦХИНВАЛ, 30 июн — Sputnik, Козаты Дианӕ. Хуссар Ирыстоны парламент райста президентон ӕвзӕрстыты законмӕ барастгӕнинӕгтӕ, кӕцытӕ хуыздӕр ӕмбарын кӕнынц президенттӕм кандидатты "биноныгдзинады ценз".

Хуссар Ирыстоны президенты бынатмæ кандидат йæ регистрацийы бонæй раздæр дæс азы хъуамæ иудадзыгæй цæра республикæйы территорийыл. Уыимæ иумæ, уыцы "биноныгдзинады цензмæ" гæсгæ æмбæстаг азы мидæг 93 бонæй фылдæр ма хъуамæ уа республикæйæн æдде æнæ айсинаг æфсонæй.

Парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Парламент сфидар кодта президенттӕм кандидаттӕн 3,5 мин къухфысты тыххӕй домӕн

Айсинаг æфсæнттыл нымад сты командировкæ, ахуыр æмæ хоскæнынад. Æмбæлон бæрæггæххæттытæ та хъуамæ дæттой æрмæстдæр паддзахадон органтæ. ЦӔК раздӕр цы барастгӕнинӕгтӕ раразмӕ кодта, уыдонмӕ гӕсгӕ ӕмбӕстагӕн нӕ уыд президентон ӕвзӕрстытӕм куыд кандидат афтӕ цӕуын, кӕд ӕртӕ мӕйӕ фылдӕр уыд республикӕйӕн ӕдде, аххосӕгтӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ.

Бирæ уынаффæты фæстæ парламенты депутаттæ, ЦӔК, президент ӕмӕ хицауады минӕвӕрттӕ бадзырдтой "биноныгдзинады цензы" дырысдӕр формулировкӕйыл.

Уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, парламенты рабадты цыппӕрӕмы фарстыл уынаффӕ кодтой дыууӕ сахаты бӕрц. Депутаттӕй чидӕртӕ разы нӕ уыдысты, уыимӕ ӕмӕ иу кӕнӕ иннӕ кандидаты "биноныгдзинады ценз" бӕлвырдгӕнӕн документтӕ кӕй хъуамӕ дӕттой ӕрмӕстдӕр хицауады органтӕ.

"Адӕймаг паддзахадон куыст куы нӕ кӕна, уӕд хъуамӕ цыдӕр куса, цӕмӕй дара йӕхи ӕмӕ йӕ бинонты. Уыцы рӕстӕджы йӕ хицауад нӕдӕр командировкӕйы арвитдзӕн, нӕдӕр ахуырмӕ, нӕдӕр хос кӕнынмӕ. Фӕлӕ уый нӕ нысан кӕны ӕмӕ иудзыг кӕй хъуамӕ уа республикӕйы ӕмӕ макуыдӕм цӕуа. Адӕймаг Хуссар Ирыстоны куы цӕра ӕмӕ фиддонтӕ куы фида, уӕд уый цӕуылнӕ хъуамӕ уа уый ӕвдисӕн, ам кӕй цӕры", — загъта депутат Адӕмон партийӕ Харебаты Сергей.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, барастгӕнинӕгтӕ халынц, паддзахадон куыст цы ӕмбӕстӕгтӕ нӕ кӕнынц, уыдон конституцион бартӕ. Адӕмон партийы лидер Плиты Александр рахӕцыд йӕ ӕмпартионы ӕвварс ӕмӕ банысан кодта, ног уагӕвӕрд ӕрмӕст демократион нормӕтӕ кӕй нӕ халы, фӕлӕ ма халы ӕмбӕстӕгты ахуыр, хоскӕнынад ӕмӕ сӕрибарӕй цӕуыны бартӕ.

Уыдон разы не сты уыцы хъуыддагимӕ, ӕмӕ ам цы ӕмбӕстӕгтӕ нӕ цардысты, уыдонӕн кӕй нӕй бар президентон ӕвзӕрстытӕм куыд кандидаттӕ, афтӕ цӕуын, фӕлӕ сӕ бон у ӕвзӕрстыты бон ӕрцӕуын ӕмӕ схъӕлӕс кӕнын.

РХИ парламенты агъуыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Эксперттæ: барастгæнинæгтæ аиуварс кæндзысты президенттæм дызæрдыггаг кандидатты

Парламенты спикер Бибылты Анатолийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, хъӕуы хынцын, президенты бынат кӕй у уӕлвӕткон ӕмӕ Хуссар Ирыстон нырма кӕй нӕу цӕттӕйӕ закъондӕттынад фӕлибералондӕр кӕнынмӕ.

"Политикон культурӕ ӕмбӕлон ӕмвӕзадмӕ куы схиза, уӕд ахъуыды кӕндзыстӕм либералондзинадыл. Цы закъоныл уынаффӕ кӕнӕм, уым раздӕримӕ абаргӕйӕ, сӕйраджыдӕр нӕй дыдзæхсæндзинад", — загъта Бибылты Анатолий.

Парти "Ныхас"-ы депутат Коцты Игорь бахатыд, цӕмӕй йын бамбарын кӕной, ЦӔК практикон ӕгъдауӕй куыд хъуамӕ пайда кӕна ног уагӕвӕрдӕй, кӕцыйы фӕдыл Централон ӕвзарӕн къамисы сӕргълӕууӕг Плиты Белла загъта, "ЦӔК кӕй кусдзӕн, абон депутаттӕ цы уынаффӕ рахӕссой, уымӕ гӕсгӕ".

"Мæ бон нæу ЦӔК-ы уынаффæтæ иунӕгæй хæссын. ЦӔК у коллегиалон орган, рабадтмæ куы æрæмбырд уæм, уæд рахæсдзыстæм уынаффæ, куыд хъæуы æххæст кæнын закъоны домæнтæ", — загъта Плиты Белла.

Хицауады минæвар парламенты Гобозты Вячеслав депутатты зæрдыл æрлæууын кодта, ацы фарстытæ уыдонæн сæ бон кӕй уыдзӕн раттын ЦӔК-ы ног сæрдармæ, уымæн æмæ ныры хистæры куысты æмгъуыд фæуд кæны ацы аз августы.

Хъæлæсæппæрсты фæстиуæгæн баххæстгæнинæгтæ ист æрцыдысты. Ивындзинæдты ныхмæ схъæлæс кодтой депутаттæ Плиты Александр æмæ Харебаты Сергей. Депутат Коцты Игорь хъæлæсæппæрсты йæ ахаст нæ равдыста.

Парламент ма уымæй дарддæр сфидар кодта лингвистон къамисы куысты фæтк, кæцы бæлвырд кæндзæн кандидатты ирон æмæ уырыссаг æвзаджы зонындзинæдтæ. Уый æдзухон бындурыл архайдзæн РХИ Зонадон-Иртасӕн институты дӕлбар.

Фыццаг "биноныгдзинады ценз" хуссарирыстойнаг закъондæттынады фæзынд Хуссар Ирыстоны фыццаг президент Цыбырты Людвигы рæстæджы. 2001 азы парламент бахаста ивындзинæдтæ æвзæстыты фæдыл закъондæттынадмæ, кæцытæм гæсгæ, президенты бынатмæ кандидат суæвыны бар уыд, æрмæстдæр дæс азы Хуссар Ирыстоны территорийыл чи цард, ахæм адæмæн. Кокойты Эдуарды рæстæджы закъон ист æрцыд ивындзинæдтимæ, ног домæнмæ гæсгæ президентмæ кандидатæй домдæуы, цæмæй уый цæра Хссар Иры фæстаг (!) дæс азы.

Ног хабӕртты лентӕ
0