Сӕрдыгон лагерь. Хъӕзтытӕ, конкурстӕ ӕмӕ экскурситӕ

© Sputnik / Фатима ПлиеваСæрдыгон лагерь Цхинвалы
Сæрдыгон лагерь Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Лагеры бон райдайы 9 сахатыл зарядкӕйӕ, стӕй бааходæн кæнынц. Уый фӕстӕ сабитимæ кусын райдайынц хъомылгæнджытæ, арæзт сын цæуынц алыгъуызон аивадон ӕмӕ спортивон конкурстӕ ӕмӕ хиирхӕфсӕн мадзӕлттӕ.

ЦХИНВАЛ, 1 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы скъола-интернаты бындурыл сæрдыгон лагеры сæ уæлфт бонтæ æрвитынц 110 скъоладзауы.

Лагерь Хуры тын - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сывæллæтты лагертæ Хуссар Иры байгом кæндзысты æрмæстдæр лæмбынæг басгæрсты фæстæ

Чысыл чызджытӕ ӕмӕ лӕппутӕн арӕзт ӕрцыд хъæзныг нывæзт — райсомӕй изӕрмӕ уыдон сӕ рӕстӕг ӕрвитынц алыгъуызон спортивон ерысты, сфæлдыстадон конкурсты нывкæнæнынæй, зарынæй, æмдзæвгæтæ æнӕкæсгæйæ дзурынæй ӕмӕ бирӕ ӕндӕр мадзӕлтты архайгӕйӕ.

Sputnik уацхæссæг бабӕрӕг кодта лагерь ӕмӕ федта, куыд райдайы ӕмӕ фӕвӕййы сывӕллӕтты бон, цавӕр фӕтк дзы ис, цы хъомыладон программӕтӕй пайда кӕнынц ахуыргӕнджытӕ.

Астаздзыд Бестауты Сослан тынг тырныдта лагермæ бахауынмæ æмæ йын куы бантыст, уæд йæ цинæн кæрон дæр нал уыд. Ӕрмæст ма йын иу хъуыддаг "халы" йӕ улӕфты бонтӕ — райсом æй раджы стын кæй хъæуы, уый.

"Мæ зæрдæмæ ам тынг цæуы. Ам мын фӕзынд ног ӕмбӕлттӕ, фæхъазӕм футбол, волейбол æмæ бирæ æндӕр хъæзтытæй. Ӕрмæст райсом раджы стын куыннæ хъæуид, уӕд бынтон хорз уаид. Нырма дæр мæм фынæй цæуы", — дзуры райсомы зарядкӕ аразгӕйӕ Бестауты Сослан.

Лагеры бон райдайы 9 сахатыл зарядкӕйӕ, стӕй бааходæн кæнынц. Уый фӕстӕ сабитимæ кусын райдайынц хъомылгæнджытæ, арæзт сын цæуынц алыгъуызон аивадон ӕмӕ спортивон конкурстӕ ӕмӕ хиирхӕфсӕн мадзӕлттӕ.

© Sputnik / Фатима ПлиеваРайсомӕй изӕрмӕ чызджытӕ ӕмӕ лӕппутӕ сӕ рӕстӕг ӕрвитынц алыгъуызон спортивон ерысты, сфæлдыстадон конкурсты
Детский лагерь в Цхинвале. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Райсомӕй изӕрмӕ чызджытӕ ӕмӕ лӕппутӕ сӕ рӕстӕг ӕрвитынц алыгъуызон спортивон ерысты, сфæлдыстадон конкурсты

Лагеры хистæр Хъоцыты Аллайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, фæстæдæр улӕфджытӕм æнхъæлмæ кæсынц балцытӕ Тулдзы къохмӕ ӕмӕ цæугæдоны былмæ æмæ Национ музеймæ та экскурси.

"Афтӕ ма сывæллæтты ‘хсæн расиддзыстӕм конкурс "Алло, мы ищем таланты". Иууыл курдиатджындӕртæн ратдзыстæм грамотӕтæ æмæ чысыл лæвæрттæ", — банысан кодта Алла.

Афтӕ цымыдисонӕй агӕпп кӕндзысты дыууӕ къуырийы, стӕй фыццаг къорды раивдзæн дыккаг, уый фӕстæ та æртыккаг. Ӕмткæй скъола-интернаты ацы аз баулæфдзысты 7-13 азы кары 300 сабийæ фылдæр, уый йӕ куыст адарддӕр кӕндзӕн 8 августмӕ.

Афтӕ ма сӕрдыгон лагерь байгом уыдзӕн Дзауы районы Гуфтайы хъæуы дӕр. Йæ цоты лагертæм бакæныны фæнд чи кæны, уыдон хъуамӕ развæлгъау сæхи ныффыссын кæной Ахуырады министрады.

Ног хабӕртты лентӕ
0