Хуссар Ир сратификаци кодта Абхазимӕ бадзырд ӕнӕвизӕйон режимы тыххӕй

© Sputnik / Ада БагианХуссар Иры Абхазы минӕварады баконды цытджын церемони
Хуссар Иры Абхазы минӕварады баконды цытджын церемони - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Абхаз визӕйон режим кӕй хъуамӕ бакӕна, уый хынцгӕйӕ, ӕнӕвизӕйон режимы тыххӕй бадзырд тынг актуалон у Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕн, загъта ӕддагон политикӕйы фӕдыл парламентон комитеты сӕргълӕууӕг Коцты Игорь.

ЦХИНВАЛ, 1 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламент сратификаци кодта Абхазимӕ кӕрӕдзимӕ ӕнӕвизӕтӕй цӕуыны тыххӕй бадзырд, кӕцы бафыст ӕрцыд фарон августы.

Бадзырд ратдзӕн фадат Абхаз ӕмӕ Хуссар Иры ӕмбӕстӕгтӕн дыууӕ бӕстӕтӕм дӕр ӕнӕ цӕлхдуртӕй бацӕуын, транзитӕй цӕуын, уӕвын ӕмӕ фӕстӕмӕ ӕздӕхын ӕнӕ визӕтӕй.

Хуссар Ир ӕмӕ Абхаз бадзырдтой ӕнӕвизӕйон режимыл

"Абхаз ӕмӕ Хуссар Иры хицауадты ӕхсӕн бадзырды нысан у дыууӕ бӕстӕты ӕмбӕстӕгты кӕрӕдзимӕ цыдӕн барадон бындур раттын. Документмӕ гӕсгӕ, РХИ-ы ӕмбӕстӕгтӕн фадат ис Абхазы территоримӕ бацӕуын, транзитӕй цӕуын, уӕвын ӕмӕ фӕстӕмӕ ӕздӕхын ӕнӕ визӕтӕй 90 боны онг, уыимӕ иумӕ ӕмбӕстагмӕ хъуамӕ уа паспорт, ӕмбӕстаджы фӕсарӕйнаг паспорт, райгуырды ӕвдисӕндар РХИ ӕмбӕстагады нысанимӕ, дипломатон кӕнӕ службӕйон паспорт", — загъта ӕддагон политикӕ ӕмӕ ӕхсӕнпарламентон бастдзинӕдты фӕдыл парламентон комитеты сӕргълӕууӕг Коцты Игорь.

Уый ма банысан кодта, бадзырд кӕй фӕактуалондӕр ис, Абхаз визӕйон режим кӕй кӕны, уый фӕдыл.

Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министры хӕдивӕг Коцты Алан бафиппайдта, "Хуссар Ирыстон дӕр визӕйон режим кӕй хъуамӕ бакӕна, уымӕ гӕсгӕ ацы бадзырд актуалон у Абхазы ӕмбӕстӕгтӕн дӕр".

Абхазы парламент ацы азы апрелы сратификаци кодта Хуссар Ирыстонимӕ бадзырд ӕнӕвизӕйон балцыты тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0