ЦХИНВАЛ, 4 июл — Sputnik. Цхинвайлаг спортсмен Зæгъойты Гамлет Европæйы чемпионаты æмбуар хæст панкратионæй ветеранты хсæн бацахста дыккаг банат, фехъусын кодта Sputnik спортсмен йæхæдæг.
Чемпионаты финалы уæлахиздзауы статусыл стох кодтой аланты фæдонтæ — цхинвайлаг ирон æмæ венгриаг яс. Венгрийы цы алайнаг лӕппу æрбынат кодта, уый разынд Цхинвайлагæй фидардæр.
"Финалы мын уыд дыууæ тохы, иу дзы рамбылдтон. Дыккаг тохы мæ ныхмæлæууæг разынд хорз цæттæ венгриаг спортсмен Ирмæ æмæ йын фæхæрд дæн. Ерысты фӕстӕ йӕм бацыдтӕн ӕмӕ ӕввахсдӕр базонгӕ дӕн йемӕ. Ирмӕ куы базыдта, ирæттæ кӕй стæм, уæд ныл тынг фæцин кодта. Йæ фыдæлты историимæ зонгæ у æмæ æмбары, иу адæмы хатт кæй стæм", — радзырдта Зæгъойты Гамлет.
Ноджы ма иу цхинвайлаг спортсмен Хъæцмæзты Алан та ссис Европæйы бронзæйон призер фæсивæды хсæн.
Европæйы чемпионат æмбуар хæст "Панкратион"-æй цыд Будапешты.
Историкты бæлвырдгæнæнтæм гæсгæ, ястæ сты венгриаг аланты фæдонтæ. Венгрийы аланты иу хай æрцард XIII æнусы. Уыдон æрбынат кодтой Дунайы скæсæн фарс, фæстæдæр ацы бынаты схуыдтой "Ясшаг", йæ сæйраг горæт та ссис Ясбернь. Венгриаг ястæ XVII æнусы фесæфтой се ʻвзаг æмæ рахызтысты венгриаг æвзагмæ. Фæлæ та фæстаг æзты уыдон сног кодтой сæ бастдзинæдтæ Ирыстонимæ.