Хуссар Иры ӕфсӕддонтӕ хайад исынц хӕххон ерысты Кӕсӕг-Балхъары

© Sputnik / Саид Царнаев /  Ахизын медиабанкмæӔфсӕддон ахуыртӕ
Ӕфсӕддон ахуыртӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Чемпионат уагъд цӕуы Кӕсӕг-Балхъары, ӕфсӕддон службӕгӕнджытӕ хъуамӕ сӕ арӕхстдзинад равдисой къӕдзӕхтыл хизыны, хӕххон фадыгыл цӕлхдурты сӕрты хизыны ӕмӕ фондз километры дӕргъӕн марш-бросокы.

ЦХИНВАЛ, 4 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министрады сгарӕн батальоны хӕххон цӕттӕдзинады фӕдыл командӕ исы хайад хӕххон ерысты Хӕдбар паддзахадты ӕмбалады бӕстӕтӕ-хайадисджыты ӕмбаладон ӕфсады чемпионаты, загътой Хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕйы.

УФ Гарзджын тыхты физикон цӕттӕдзинады управлени цы чемпионат бацӕттӕ кодта, уый уагъд цыд Кӕсӕг-Балхъараг республикӕйы поселок Терсколы. Райдыдта фыццӕгӕм июлы, уӕлахиздзаутӕ фӕбӕрӕг уыдзысты 10 июлы.

"Ӕфсӕддон службӕгӕнджытӕ сӕ арӕхстдзинад ӕвдисдзысты къӕдзӕхтыл хизыны, хӕххон фадыгыл цӕлхдурты сӕрты хизыны ӕмӕ фондз километры дӕргъӕн марш-бросокы", — загъта пресс-службӕйы минӕвар.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, чемпионаты хайадист ахъаз уыдзӕн ӕрмӕст Хӕдбар паддзахадты ӕмбалады бӕстӕты ӕхсӕн физикон культурӕ ӕмӕ спорты къабазы хӕларадон ахастытӕ сфидар кӕнын ӕмӕ ӕмгуыстады размӕцыдӕн нӕ, фӕлӕ ма Гарзджын тыхты физикон культурӕ, спорты ӕнтыстытӕ ӕмӕ ӕнӕниз цардуагы пропагандӕйӕн.

Уымӕй дарддӕр ма хайадисджытӕн фадат уыдзӕн кӕрӕдзиимӕ фӕлтӕрддзинад адих кӕнын хӕххон уавӕрты хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕныны ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон ӕмвӕзадыл хӕххон ерысты размӕцыды фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0