ЦХИНВАЛ, 4 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны МХМ агуры Цхинвалы цӕрӕджы, кӕцы горӕты автовокзалы кассирӕй байста ӕхца. Мидхъуыддӕгты министр Лӕууойты Ӕхсар президентӕн тыхон структурӕты къухдариуӕггӕнджытимӕ цы фембӕлд уыд, уый рӕстӕджы фехъусын кодта, фыдгӕнджытӕй ныридӕгӕн иу кӕй у ахст.
"Горӕты автовокзалы кассирӕй дыууӕ ӕрыгон лӕппуйы байстой хызын куыстмыздимӕ, цы ран уыд иу милуанӕй фылдӕр сомы. Фыдгӕнджытӕй иу у ахст, иннӕйы та агуры милици. Ист цӕуынц ӕппӕт мадзӕлттӕ йӕ ӕрцахсыны фӕдыл", — загъта министр.
Дыккаг фыдгӕнӕг у Цхинвалы 28-аздзыд цӕрӕг Гобозты Алексей Вадимы фырт.