ЦХИНВАЛ, 4 июл — Sputnik. Хусссар Ирыстоны Ӕдасдзинады паддзахдон комитет æрцахста Гуырдзыстоны æмбæстаджы, кæцы зæрдæхсайындзинад æвзарын кæны бирæнымæц диверситæ æмæ теракттæ саразыны хъуыддаджы, фехъусын кодтой Sputnik уагдоны пресс-службæйы.
"Ӕдасдзинады паддзахадон комитет æрурæдта диверсион-террористон архайды зæрдæхсайгæ Гуырдзыстоны æмбæстаг Гиунашвили Георгий Леваны фырты. Уый у 1978 азы гуырд, Дисеуы хъæуӕй рацæугæ", — загътой ПӔК-ы.
Уагдоны кусджытæ сбæлвырд кодтой, Гиунашвили Георгий 2004 азæй фæстæмæ активон хайад кӕй иста гуырдзиаг сæрмагонд службæты контролы бын архайæг æнæзакъонон хотыхджын къорды сконды.
"Гиунашвили аххосджын цӕуы 2007 азы Цхинвалы районы хъӕу Хелцуайы адӕмарӕх бынаты гранатӕ кӕй спырх кодта ӕмӕ РХИ хъахъхъӕнынады министрады кусджыты кӕй фехста, цӕй фӕстиуӕгӕн иу ӕфсӕддон фӕмард, иу та райста уӕззау цӕфтӕ", — банысан кодтой ПӔК пресс-службӕйы.
Ныртӕккӕ ПӔК сгары, Гиунашвили ма уымӕй дарддӕр Хуссар Ирыстоны адӕмы ныхмӕ исты исты фыдгӕнон архайд кодта, ӕви нӕ.
Уый фӕдыл Паддзахадон ӕдасдзинады комитет хаты республикӕйы цӕрджытӕм, цӕмӕй сӕм кӕд ӕрцахстуӕвӕджы архайды тыххӕй исты зонӕнтӕ ис, уӕд сӕ фехъусын кӕной комитетмӕ.