ЦХИНВАЛ, 5 июл — Sputnik. ОБСЕ парламентон ассамблея цы "Тбилисаг деклараци"-йы проект райста, уый здӕхт у Гуырдзыстон ӕмӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы ӕхсӕн конфликт тыхы руаджы аскъуыддзаг кӕнынмӕ, загъта ПА сӕрдыгон сессийы рӕстӕджы уӕрӕсейаг делегацийы сӕргълӕууӕг Илья Костунов.
ОБСЕ парламентон ассамблея райста "Тбилисаг деклараци"-йы проект. Документы фарс рахӕцыдысты 122 адӕймаджы, ӕхсӕзӕй (уыдон нымӕцы УФ минӕвар) рацыдысты йӕ ныхмӕ, авдӕй та хъӕлӕс кӕнынӕй сӕхиуыл фӕхӕцыдысты.
Парламентон ассамблейы сӕрдыгон сесси уагъд цӕуы Тбилисы. Гуырдзыстон цы проект раразмӕ кодта, уым дзырд цӕуы 2008 азы Хуссар Ирыстонимӕ хӕст ӕмӕ йӕ фӕстиуджыты тыххӕй. Резолюцимӕ гӕсгӕ, Гуырдзыстон нымадмӕ нӕ исы Уӕрӕсе, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы ӕхсӕн бадзырдтӕ, афтӕ ма сиды УФ-мӕ сӕххӕст кӕнын ӕхст ӕруромыны фӕдыл бадзырд, кӕцы бафыст ӕрцыд 2008 азы августы.
"Уым ("Тбилисаг деклараци"-йы), Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы пайдайӕн ницы ис. Гуырдзиаг политиктӕ уырдӕм ахӕмӕй ницы бахастой, цӕмӕй Хуссар Ир ӕмӕ Абхазы цӕрджытӕ дӕр сӕхӕдӕг схъӕлӕс кӕной ахӕм деклорацийы тыххӕй", — загъта Костунов журналисттӕн.
2008 азы 26 августы Уӕрӕсе банымадта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы суверенитет. Уый ӕрцыд Гуырдзыстоны хотыхджын агрессийы фӕстӕ Цхинвалы ныхмӕ августы райдианы. Уӕрӕсейы къухдариуӕгад иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ загътой, дыууӕ раздӕры гуырдзыстойнаг автономиты хӕдбардзинад банымад у нырыккон реалитӕ ӕвдисӕг ӕмӕ аивд не ‘рцӕудзӕн.