Гуырдзыстонимӕ арӕнгӕронӕй фесӕфтысты дыууӕ ирон лӕджы

© Sputnik / Ада БагианГуырдзыстойнаг-хуссарирыстойнаг арӕн
Гуырдзыстойнаг-хуссарирыстойнаг арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арӕнгӕрон хъӕу Хелцуайы цӕрджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, ис гӕнӕн ӕмӕ дыууӕ хуссарирыстойнаг цӕрӕджы ӕрцахстой гуырдзыстойнаг тыхон структурӕты кусджытӕ.

ЦХИНВАЛ, 6 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Хелцуайы хъӕуы цӕрджыты мӕты бафтыдта арӕнгӕрон цӕрӕн пункт Зардиантыхъӕуы цурӕй дыууӕ хуссарирыстойнаг ӕмбӕстаджы кӕй фесӕфтысты, уыцы хабар.

Хъӕуы цӕрджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, дыууӕ нӕлгоймаджы фесӕфтысты ӕртыццӕджы ӕхсӕвы, фӕстаг хатт сӕ федтой гуырдзыстойнаг-хуссарирыстойнаг арӕны цур.

"Чи фесӕфт, уыдонӕй иу — Бестауы фырт — у нӕ хъӕуккаг. Иннӕ та — Багайы фырт — уыд йӕ уазӕг Цхинвалӕй. Уыдон тезгъо кодтой хъӕуы, уый фӕстӕ сӕ ничиуал федта", — загъта Хелцуайы хъӕуы цӕрджытӕй иу.

Хъӕуы цӕрджытӕ ӕнхъӕлынц, уыдон Гуырдзыстоны арӕн кӕй фехӕлдтой ӕнӕзонгӕйӕ ӕмӕ гӕнӕн ис бахаудысты гуырдзыстойнаг тыхон структурӕты кусджытӕм.

Республикӕйы барадхъахъхъӕнӕн органтӕ нырма ницы комментаритӕ дӕттынц ацы информацийы фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0