ЦХИНВАЛ, 7 июл — Sputnik. Хуссарирыстойнаг сывӕллӕтты иу къорд реабилитаци рацыдысты Алагиры сылгоймӕгты молодзандоны цур æхсин Елизаветайы номыл центры, фехъусын кодтой Sputnik моладзандоны.
Реабилитаци рацыдысты, сæ размæцыды къуыхцыдзинæдтæ кæмæн ис ахæм, сабитӕ. Центры уыдон банкъардтой аудгæ ахаст, райстой медицинон, психологон æмæ педагогикон æххуыс, арæзт сын æрцыд балц Фиагдоны Фынæты нæлгоймæгты моладзандон æмæ æндæр сыгъдæг бынæттæм.
"Ацы центр у ахæм къуым, цыран адæймаджы ногæй бауырны, Хуыцауæй кæй не ʻрбайрох стæм, ӕмӕ афтæ уыдзæн, цалынмæ адæм кæрæдзи уарзынц æмæ кæрæдзийæн æххуысы хъом сты, уӕдмӕ", — радзырдта фондзаздзыд Мураты ныййарæг Санахъоты Зӕлинӕ.
Афтӕ ма сывæллæттæ, сæ ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытимæ Алагиры центрмæ сæ ныццыды агъоммæ бакуыстой уӕрӕсейаг психологтæ Татьяна Ратынская æмæ Дмитрий Ермолаев.
Елизаветайы центры ма хуссарирыстойнаг сывӕллӕттӕй дарддӕр реабилитаци рацыдысты Дзæуджыхъæу ӕмӕ Дыгургомы сабитӕ.
Ӕхсин Елизаветайы номыл сывæллæтты реабилитацион центры, йæ размæцыды къуыхцыдзинæдтæ кæмæн ис, ахæм сывæллæттæ сæ рæстæг арвитынц ныр фондз азы дæргъы æрвыл сæрд дæр.