ЦХИНВАЛ, 7 июл — Sputnik. Уæрæсейы спортивон кад Рио-де-Жанейройы олимпиадæйы уæгъдибар хъæбысæйхæстæй хъахъхъæндзæн ирон спортсмен Рæмонаты Сослан, хъусын кæны "Р-Спорт".
Ирон спортсмен Рæмонаты Сослан у уæгъдибар хъæбысæйхæстæй 2014 азы дунейы чемпионаты уæлахиздзау, 2012 азы Европæйы нациты кубокы хицау, Уæрæсе æмæ дунейы бирæ ерысты призер. Рæмонаты Сосланы цæттæ кæны тренер Мæргъиты Анатолий.
"Уæрæсейы æмбырдгод ныридæгæн йæхи цæттæ кӕны Кисловодскы. Цæттæ кæныны хъуыддаг цæуы нывæзтмæ гæсгæ",- загъта æмбырдгонды сæйраг тренер Тедеты Дзамболат.
Уæрæсейы уæгъдибар хъæбысæйхæсты æмбырдгоды скондмæ бацыдысты Виктор Лебедев, Рæмонаты Сослан, Аниуар Гедуев, Абдулрашид Садуллаев, Анзор Болтукаев æмæ Билял Махов.
2016 азы Олимпиадæйы уæгъдибар хъæбысæйхæстæй архайдзысты æндæр ирон богалтæ дӕр. Гозымты Хетæг хъахъæндзæн Азербайджаны спортивон кад, Четиты Георги та тох кæндзæн Сомихстоны тырысайы бын. Дыууæ дæр архайынц 97 килограммы уæзы. Олимпиадæмæ бахауыны фадат ма ис Зассеты Аленæн дæр, уый та архайы Украинайы номæй.