ЦХИНВАЛ, 8 июл — Sputnik. Луганск хоны ЛАР-ы адӕмон хӕдзарады ӕнтыстыты равдыстмӕ(АХӔР) алы бӕстӕтӕй бизнесменты, уыдон нымӕцы Хуссар Ирӕй дӕр, фехъусын кодта цыппӕрӕмы брифингы рӕстӕджы республикӕйы базарад ӕмӕ экономикон райрӕзты министры хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Елена Костенко.
"Мадзалмӕ, кӕцы уагъд ӕрцӕудзӕн 3 сентябры, хуынд ӕрцыдысты бизнес-делегацитӕ УФ-йы Ростовы, Воронежы, Самарӕйы ӕмӕ Мӕскуыйы областтӕй, Республикӕ Абхаз, Республикӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Донецкаг адӕмон республикӕйӕ ", — загъта министр.
Равдысты нысан у республикӕйы имидж аразын ӕмӕ Луганскаг адӕмон республикӕйы кондадон потенциалы демонстраци, чысыл ӕмӕ астӕуккаг бизнесы райрӕзты фӕдыл ӕхсӕнадон политикӕйы реализаци, республикӕйы кондадты ӕхсӕн хъуыддагон бастдзинӕдтӕ сфидар кӕны, афтӕ ма инновацион архайды размӕцыд.