Ирыстоны фараст спортсмены тох кæндзысты 2016 азы Олимпиадæйы

© Sputnik / Александр Вильф /  Ахизын медиабанкмæГорода мира. Рио-де-Жанейро
Города мира. Рио-де-Жанейро - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон спортсментæ хъахъхъæндзысты Уæрæсе, Сомихстон, Испани, Азербайджан æмæ Киргизийызы спортивон кад.

ЦХИНВАЛ, 8 июл — Sputnik. Рио-де-Жанейройы олимпиадæйы архайдзæн фараст спортсмены Ирыстонæй, уыдон хъахъхъæндзысты фондз бæстæйы спортивон кад, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службæ.

Ирон спортсментæ хъахъхъæндзысты Уæрæсе, Сомихстон, Испани, Азербайджан æмæ Хъыргъызы спортивон кад.

"Уæрæсейы уæгъдибар хъæбысæйхæсты æмбырдгонды сконды тох кæндзæн Рæмонаты Сослан. Ацы спорты хуызы ма архайдзысты æндæр ирон богалтæ — Гозымты Хетæг хъахъхъæндзæн Азербайджаны спортивон кад, Четиты Георги тох кæндзæн Сомихстоны тырысайы бын æмæ Фриаты Таймураз та Испанийæн",- дзырдæуы хъусинаджы.

Ирон спортментæ ма Олимпиадæйы архайдзысты уæззау атлетикæ, дзюдо æмæ спорты æндæр хуызты.

"Уæрæсейы æмбырдгонды уæззау атлетикæйæ сты Ӕлбегаты Руслан æмæ Тъуриты Тима. Цæгатирыстойнаг рапиристка Санаты Аида æмæ бæхты спорты Цæгат Ирыстоны скъолайы хъомылгæнинаг Андрей Митин дæр архайынц Уæрæсейы тырысайы бын", — бæрæг у спорты министрады хъусинагæй.

Уымæй дарддæр ма, Киргизийӕн та стох кæндзæн дзюдоист Бестауты Отар.

Ног хабӕртты лентӕ
0